Цæгат Ирыстоны социалон-ахсджиаг фарстатыл ныхас цыд хицауады æмбырды. Сæйрагдæр темæты ‘хсæн – фыццаградон объектты арæзтад. Ныртæккæ республикæйы амайынц 260 бæстыхайæ фылдæр. Сæ иумæйаг аргъ – 16 миллиард сомы. Перемьер Дзанайты Барис бахæс кодта арæзтады фарстатæм бæстон цæст дарын. Регионы парахат кæнынц хъыгдард æнæниздзинадимæ карджынтæм цæстдарды системæ. Йæ фæлгæты æххуыс райсдзысты 500 адæймаджы. Ныхас ма цыд сывæллæтты сæрдыгон-дзæбæхгæнæн мадзæлттыл. Ацы аз лагерьтæ æмæ санаториты сæ фæллад суадздзысты 40 мин сывæллоны. Уæлдай æргом – хъыгдард æнæниздзинадимæ сабитæм. Уыдонæн радих кæндзысты квотæтæ.
Æмбырды ма æрдзырдтой Архонкæйы станицæйы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтадыл. Дзанайты Барис бабар кодта, æппæт мадзæлттæм дæр бæстон цæст дарын.
















