Цæллагкаты Жаннæйы кусгæ бон райдайы сæумæрайсом. 8 сахатыл, мидбылхудгæйæ сæмбæлы йæ уарзон æмкусджытыл æмæ пациенттыл.
Реабилитацийы республикон центр Жаннæйæн рагæй сси дыккаг хæдзар. Ам хъыгдард æнæниздзинадимæ адæм ахуыр кæнынц ногæй цæрын. Нырыккон домæнтæм гæсгæ ифтонггонд кусæндон бонмæ лæггад кæны 50 пациентæй фылдæрæн. Дзæбæхгæнæн мадзæлттæ сты æххæст. Куыд физкультурæ, афтæ психологон æгъдауæй дæр.
Реабилитацийы центр фæс советон рæстæджы фыццаг уыд. Хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмæн сæ бон хъæугæ æххуыс райсæн кæм уа, ахæм кусæндон байгом кæныныл Цæллагкаты Жаннæ архайдта дæс азы дæргъы.
Æнæнхъæлæджы цау æрцыд 1983-æм азы. 22-аздзыд чызг. Фидæнмæ йæм бирæ фæндтæ уыд. Фæлæ иу уысммæ йæ цард цæхгæр фæивта. Жаннæ æххуыс кодта йæ хæстæджытæн, йæ райгуырæн Хуымæллæджы, зианы рæстæг. Царæй йæ æрисын бахъуыд цывзытæ.
Чызгæн асаст йæ астæуыхъæд, астæуы магъз баййæфта хъыгдард. Уый аххосæй йæ бон йæ къæхтыл слæууын нал бацис. Уыцы рæстæг æвзонг чызг æппæт фæстиуджытæ æмбаргæ дæр нæ кодта.
Йæ хиуæттæ йын, кæй зæгъын æй хъæуы, æххуыс кодтой, кастысты йæм. Фæлæ рæстæг куыд цыд, афтæ Жаннæ райдыдта æмбарын хицæнæй цæрын æй кæй хъæуы, уый. Уæд фидар кæнын райдыдта йæ удыхъæд дæр. Кæд æмæ йæ бинонты нæ фæндыд, уæддæр Жаннæ райдыдта йæхæдæг цæрын. Смой кодта, йе ‘мкъай йын сси хорз хæлар æмæ ныфсдæттæг. 1995-æм азы иумæ райдыдтой сæ сæйраг хъуыды æххæст кæнын.
Бынат ссардтой. Уый уыд раздæры рæвдауæндоны бæстыхай. Баххуыс сын кодта уæды рæстæджы Дзæуджыхъæуы мэр Михаил Шаталов. Арæзтадыл ацыд 5 азы. Жаннæйæн æххуыс кодта республикæйы хицауад. 2000-æм азы центр райста фыццаг пациенты.
Реабилитацион центр Цæллагкаты Жаннæйы иунæг куыст нæу. 30 азæй фылдæр хъахъхъæны хъыгдард æнæниздзинадимæ цæрджыты бартæ. Æрвылкъуыри архайы алыхуызон мониторингтæ æмæ рейдты.
Бартæ хъахъхъæныныл архайд цæуы закъонадон æмвæзадыл. 2004-æм азæй фæстæмæ Цæллагкаты Жаннæ у парламенты депутат. Зындгонд сси йæ рæстдзæвин архайдæй. Нæ республикæ абон Цæгат Кавказы регионты ‘хсæн раззагдæр бынаты кæй ис хъыгдард æнæниздзинадимæ цæрджытæн аккаг уавæртæ саразыны хъуыддаджы, уый афтæ зæгъæн ис, æмæ Жаннæйы руаджы.
10-æм февралы Цæллагкаты Жаннæ бæрæг кæны 65 азы юбилей. Депутат зæгъы – азтæ нымæц йеддæмæ ницы сты. Сæйрагдæр у абоны бон цæрын, раст хъуыддæгтæ аразын, адæмæн æххуыс кæнын.
















