Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Сæхи фарстатимæ йæм æрбацыдысты 12 адæймаджы. Курдиæттæ алхуызæттæ уыдысты.
Зæгъæм, ног куысты бынат ссарынæн баххуыс кæнын, бирæсывæллонджын бинонтæн зæххы хай, фæллой кæнынæн, радих кæнын, стæй ма донуадзæн хæтæлтæ сцалцæг кæнæн æмæ спортивон залмæ бализилынæн фæкæсын.
Сæбæтхъуаты Æхсарбег ныфс бавæрта, цæрджыты æппæт курдиæттæм лæмбынæгæй кæй æркæсдзæн, уымæй. Алы фарстайы фæдыл дæр бæрнон кусджытæн радта æмбæлгæ хæслæвæрдтæ.
Куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм фембæлдтытæ республикæйы цæрджытимæ – асджиаг куыст у æмæ йæ дарддæр дæр кæндзысты.
















