Скъоламæ цингæнгæйæ чи цыд, уыдон иу уысммæ зындонмæ бахаудысты. Нырма сабитæ, бирæ бæллицтæ кæмæ ис, уыцы æрыгæттæ. Теракт сын сæ зæрдæты арф фæд ныууагъта, чи фервæзт æмæ скъолайы къæсæрæй афтæ дæр чи нал рахызт, уыдоны бинонтӕй се`ппæтæн дæр. Уыцы æвирхъау цауты æвдисæнтæй иу – Санахъоты Регинæ. Уæд ыл 3 азы йеддæмæ нæ цыд. Скъолайы бæрæгбонмæ араст йæ сыхæгтимæ. Хæдзармæ æрыздæхт иунæгæй.
1-æм сентябры 2004 азы 3-аздзыд Санахъоты Регинæйы йæ мад ахуыдта сывæллæтты рæвдауæндонмæ. Фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй нæ куыста. Фæстæмæ хæдзармæ фæндагыл сæмбæлдысты сæ сыхæгтыл. Арчегкаты бинонтæ та цыдысты скъолайы кадджын мадзалмæ. Чысыл Регинæйæн загътой, цæмæй уый дæр семæ ацæуа. Чызджы мад сразы ис æмæ йæ ауагъта.
Скъолайы спортивон залмæ куы бахауд чысыл Регинæ, уæд йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, ацы ас лæгтæ фыдракæнд кæй кæнынц, уый. Бæстыхайы сулæфæн дæр нæ уыд, чызджы дойныйæ мардтой. Йæ сыхаджы къухтæй куы раирвæзт, уæд батахт террористтæй иумæ нуазынæн дон агурæг.
Йæ ирвæзынгæнæджы Санахъоты Регинæ кæмфæндыдæр базондзæн. Кцойты Мадинæ йемæ иу бирæуæладзыгон хæдзары цард. Ныртæккæ чызг æрымысы, сабибонты йæм куыд каст, уый. Раст цыма йæ хистæр хо у, афтæ.
Беслæны амæттæгтæ кæм ныгæд сты, уырдæм, Зæдты Сахармæ, Регинæ алы аз дæр æрбацæуы. 16 азы дæргъы йæ ирвæзынгæнæгæн арфæйы ныхæстæ кæны.
Дидинджытæ æвæрд цæуынц уазал мемориалон фæйнæгыл. Уым та йæ мидбылты хуыдгæйæ кæсы Мадинæ. Йæ хъарм къухтæ йын Регинæ ныр дæр ма хъуыды кæны.
Санахъоты Регинæйыл ныртæккæ 19 азы цæуы. Азæй азмæ йæ зæрдæ тынгдæр дзыназы. Ацы æвирхъау цаутæ арф фæд ныууагътой чызджы зæрдæйы. Рæстæг цæуы, Регинæ æмæ Беслæны скъолайы иннæ ахст сывæллæтты дарддæр цæрын хъæуы. Сæхи æмæ, чи нал фервæзт, уыдоны нывондæн.















