Цæгат Ирыстоны райдыдтой мысæн æмæ номарæн бонтæ. 16 азы размæ Беслæны зындзинад дунейыл айхъуыст. Æвирхъау цау ахаста 334 уды, 186 уыдонæй сывæллæтæ. Теракты амæттæгты фæдыл Беслæны цæуы æрвылазон «Мысæн Вахтæ». Трагедийы фæдыл мадзæлттæ ацы аз цæуынц эпидемиологон уавæр хынцгæйæ.
Ацы бонты æппæт дуне мысы Беслæны цауты амæттæгты. Абон райсомæй нырмæ Цæгат Ирыстоны цæуынц номарæн мадзæлттæ. Сæ сæйрагдæртæ ам Беслæны пырх скъолайы кæрты. Райсомы 9 сахатыл республикæйы хицауады минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ, цæрджытæ, республикæйы уазджытæ ардæм цыдысты, ныр дæр цæуынц æмæ æвæрынц дидинджытæ. Алчидæр йæ хæсыл нымайы 2004 азы æвирхъау цауты чи бацарæфтыд, уыдоны рымысын.
Номарæн мадзæлттæм саккаг кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Йемæ хицауады уæнгтæ дæр. 9 сахатыл æмæ 15 минутыл та куыд раздæр, афтæ ацы азы дæр радтой дзæнгæрæг. Къултыл – теракты амæттæгты къамтæ: сывæллæттæ, сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ. Залы астæу – стыр хъæдын дзуар æвæрд. Ам, йæ цуры, арæзт æрцыд теракты амæттæгты æрæмысыны аргъуыд. Бирæтæ сæ цæссыг нæ уромынц.
16 азы рацыд уыцы æбуалгъ цауыл, фæлæ адæмы рыст къаддæр нæ кæны. 11 сахатыл та Беслæны культурæйы галуаны райдыдта нывты равдыст «Беслан. Помнить, чтобы жить», зæгъгæ. Ныридæгæн æй федтой сæдæгай адæмтæ. Проект сарæзта ассоциаци «Матери Беслана», зæгъгæ. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ, равдысты сæйраг нысан у бацархайын, цæмæй ахæм цау макуыуал æрцæуа.















