Сергей Меняйло Лӕгдзинады ордентӕ радта, сӕрмагонд æфсæддон операцийы архайджытӕй чи фӕмард, уыдоны бинонтӕн. Хорзӕхтӕ лæвæрд цӕуынц Уӕрӕсейы Президенты Бардзырдӕй. Сæргълæууæг тӕфӕрфӕс ракодта сæ хиуӕттӕн, загъта, хъайтарты нӕмттӕ ӕнусмӕ баззайдзысты Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы историйы. Регионы разамонӕг ма фидарӕй загъта, республикӕйы хицауад дарддæр дӕр кæй кæндзæн æппæт хъӕугӕ ӕххуыс сæрмагонд операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтӕн.
















