Абон ма Сергей Меняйло æркаст сӕрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонты курдиæттæм. Регионы разамонӕг æппынæдзух йӕ хъус æрдары, оперативон архайд ӕмӕ ведомствæты ‘хсæн æмгуыст чи домы, ахӕм фарстатӕм. Æфсӕддонты хӕстӕджытӕ бацагуырдтой: социалон, коммуналон лӕггӕдты хӕрзхъӕддзинад, разамынддæттæг компаниты куыст, хӕрзвадат уавæртæ, стæй хъӕугӕ документтӕ райсыны фæдыл æххуыс. Фембæлды архайдтой Сӕргълӕууӕджы æмӕ Хицауады администрацийы разамонӕджы фыццаг хӕдивӕг Биасты Игорь, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министр Хъараты Тимур, фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министры фыццаг хӕдивӕг Маматы Анджелӕ. Сергей Меняйло сӕрмагонд райсты рӕстӕг куыд фæнысан кодта, афтӕмӕй иу сидт дӕр ӕнӕ хъусдардӕй нӕ баззайдзӕн.
















