preloader
сейчас в эфире
16:22
ЭТАПЫ БОЛЬШОГО ПУТИ 12+
Смотрите Далее
16:30
ВОКЗАЛ ДЛЯ ДВОИХ 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
БИНОНТÆ 12+
18:10
ГОЛОСА ГОР 12+
18:35
КУВÆГ ИР. ГАЛЗИЛÆН 12+
ТВ ПРОГРАММА
ЭТАПЫ БОЛЬШОГО ПУТИ 12+
close

Сергей Меняйло фембæлд скъоладзауты ныййарджытимæ, цæмæй сæ сывæллæттæм хуыздæр кæсой æмæ сæ алыхуызон æнæзакъон иугæндты идеологийы фæдыл цæуын ма уадзой

3.03.2023 20:05

Сæ ныхасы сæр уыдонæн дæр уыд фæсивæды æнæрхъуыды митæй бахизыныл кусын. Æмбырды ма архайдтой республикæйы разамынды æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд скъоладзауты ныййарджытимæ, цæмæй сæ сывæллæттæм хуыздæр кæсой æмæ сæ алыхуызон æнæзакъон иугæндты идеологийы фæдыл цæуын ма уадзой. Æмбырды ма архайдтой республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим, ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, æхсæнадон æдасдзинад хъахъхъæнæг пъæлицæйы хайады разамонæг Агънаты Уырызмæг. Дзырдтой, æрæджы барадхъахъхъæнджытæ Дзæуджыхъæуы дæсгай æрыгон адæймæгты кæй баурæдтой, ууыл. Рæзгæ фæлтæр фæцалх мæнг идеологийыл, сæ хъуыдытæ сын сзыгъуыммæ кодтой социалон хызты. Цалдæр бонмæ иугонды сыфыл йæхи чи бафыста, уыдон æгас Уæрæсейы баисты мингæйттæ. Се `хсæн разындысты нæ республикæйы минæвæрттæ дæр. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттæм сидынц уынгтæм рацæуынмæ æмæ барадхалæн митæ кæнынмæ.

Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй уыцы худинаджы ми ма `руадзыны хæсы фылдæр бæрнондзинад ис ныййарджыты къухы. Афтæ сæм куы кæса, æмæ сæ сывæллонæй хуыздæр нæй æмæ ахæм митæ никуы ракæндзæн, уæддæр ын рæстæгæй-рæстæгмæ хъæуы йæ телефон сгарын, цæмæ дзы кæсы, уый фенын. Хъуамæ йын зоной йæ хæлæртты, стæй цавæр æхсæнадтæм здахы йе `ргом социалон хызты, уый дæр. Ныййарджыты хъæуы æргомæй дзурын сæ сывæллæттимæ, цæмæй сын бамбарын кæной ахæм æнæсæрфат миты фæстиуджытæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй иу хатт фæцудгæйæ рæстуд цардмæ раздæхын зын вæййы. Сергей Меняйлоимæ фембæлды размæ ма ацы фарсты фæдыл уыдис сæрмагонд æмбырд. Сæ ныхасы сæр уыдонæн дæр уыд фæсивæды æнæрхъуыды митæй бахизыныл кусын. Æмбырды ма архайдтой республикæйы разамынды æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
29.08.2026 I На крючке
29.08.2026
Ход истории I Скифский мир
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Выборы-2026. Дебаты
28.08.2026
Многоликое искусство I Доброе утро, Осетия!
28.08.2026
27.08.2026 I Фæд
27.08.2026
27.08.2026 I Ирон чат
27.08.2026
27.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
27.08.2026
Амина Боранти I Истории из жизни
26.08.2026
Валерия Гагарцева I Дело мастера
26.08.2026
Межнациональные браки I Среда влияния
26.08.2026
День актера I Доброе утро, Осетия!
26.08.2026
Белла Бериева I Профессиональный путь
25.08.2026
Йæ рæстæгыл I 25.08.2026
25.08.2026
Все рекомендуемое