Тыхджын мит кæй уары, уый тыххæй Транскамы фæндаг у æхгæд. Æвзæр боныхъæды аххосæй магистраль сæхгæдтой дысон изæры æхсæз сахатыл.
Зæйтæ рацæуынæй тæссаг кæй у, уый тыххæй специалисттæн сæ бон фæндаг сыгъдæг кæнын райдайын нæу. Транскам кæд байгом уыдзæн, уый бæрæг нæма у.
















