Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы хъайтартимæ æмæ хъæбатырæй чи фæмард, уыдоны бинонтимæ. Республикæйы сæргълæууæг сын раарфæ кодта Фыдыбæстæйы хъæбатырты боны фæдыл.
Абон кад кæнынц Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы хъайтартæн, Сыгъдæг Георгийы стæй Намысы орденты кавалертæн. Регионы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, уыдон сты кадджын нæмттæ, дзурынц хæстон æхсардзинадыл. Раарфæ кодта сæ хæстæджытæн дæр, фæнысан кодта, хъайтарты ном æнусон кæй хъуамæ уа.
















