Ирон театры ацыд паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы 85 азы юбилейы фæдыл бæрæгбоны изæр. Кадджын мадзалы архайдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло, хицауады уæнгтæ æмæ аивадуарзджытæ. Регионы разамонæг сфæлдыстадон къордæн арфæ ракодта. Фæнысан кодта, «Алан» кæй ахсы стыр ахадгæ бынат канд республикæйы культурон царды нæ, фæлæ æгас бæстæйы дæр.
Сергей Меняйлойы указмæ гæсгæ хореографион аивады райрæзтмæ стыр æвæрæн бахæссыны фæдыл «Ирыстоны намысы» майданæй хорзæхгонд æрцыд Мамиаты Сослан. «Республикæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист»-ы ном райстой Агънаты Таймураз, Дзеранты Олег, Дзæгъойты Майя, Хъодзаты Галинæ, Сергей Курганов, Хæбæлаты Ацæмæз, Хуыгаты Аркадий. «Республикæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист»-ы ном саккаг кодтой Атайты Астемыр, Давид Ростияшвили æмæ Узегаты Валерийæн. Кады Гæххæттытæй фæнысан кодтой Годжыцаты Аслæнбег, Хъантеты Вячеслав æмæ Лолаты Викторияйы.
















