Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло схорзæхджын кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Кокайты Ильяйы. Уый у Беслæны 1-æм скъолайы амынæты чи уыд, уыдонæй иу. Тохы быдыры йе ‘фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ йæхи хъæбатырæй кæй равдыста, уый фæдыл ын регионы разамонæг балæвар кодта йæ номыл конд зæрдылдарæн сахат. Кокайты лæппуйæн ма Сергей Меняйло загъта бузныг, йæ Фыдыбæстæ кæй хъахъхъæны, уый фæдыл.
Илья архайы сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ тæккæ райдианæй. Æхсарджынæй кæй фæлæууыд знаджы ныхмæ, уый тыххæй ма йæ раздæр та схорзæхджын кодтой Суворовы номыл майданæй.
















