Дзæуджыхъæуы фæзынд ног граффити. Сфæлдыстадон лаборатори «Портал»-ы нывгæнджытæ сныв кодтой Советон Цæдисы хъæбатыр, тæхæг Къобылты Сергейы ныв. Граффити фенæн ис Советон æфсады дæлбулкъоны номыл уынджы дыууæуæладзыгон хæдзæрттæй иуы æддаг къулыл.
Къобылты Сергей хæстмæ ацыд 26 аздзыдæй. Службæ кодта авиацион полчы. Фыццаг уæлахиз ын тохы бантыст 1941-æм азы, фæззæджы. Хæстон операциты архайгæйæ Къобылы фырт акъуырдта знаджы 27 хæдтæхæджы. Уыдонæн сæ фылдæр уæззау хæдтæхджытæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Къобылты Сергейы схорзæхджын кодтой Сырх Тырысайы орденæй.
















