Уæрæсейы фæзындзæн скъоладзаутæн иухуызон уæлæдарæсы националон проект. Уæлæдарæс аразгæйæ специалисттæ хъуамæ сæххæст кæной сæрмагонд домæнтæ. Ныхас цæуы дзаумайы фидардзинад æмæ хæрзхъæддзинадыл. Цавæр хзъуымацæй аразгæ уыдзæн уый дæр у ахсджиаг хъуыддаг. Уый тыххæй хъусын кæны «Известия». Дзаумайы хуызыл бакусдзæн Роскачество.
Ныртæккæ скъоладзауты формæ аразгæйæ арæхдæр рабæрæг кæнынц алыхуызон хъæндзинæдтæ æмæ аиппытæ. Зæгъæм, хъуымац куыд схонынц æрфыстмæ гæсгæ, ахæм нæ разыны. Скъоладзауты иухуызон уæлæдарæсы рагагъоммæ проект хъуамæ ныффидар кæной 2020 азмæ. Уæлæдарæс аразджытæ ГОСТмæ гæсгæ æппæт домæнтæ куы сæххæст кæной, æрмæстдæр уæд базайраг схонæн уыдзæн «скъоладзауты формæ».
















