Æнцойдзинад æмæ æдасдзинады тыххæй. Республикæйы сæргълæууæджы амынддзинадмæ гæсгæ Штыбы æмæ Байаты Гаппойы уынгты тигъыл сæвæрдтой ног светофор сæрмагонд системæимæ. Ныр, цæмæй фæндаджы иннæ фарсмæ ахизай, уый тыххæй æрмæст хъæуы кънопкæ нылхъивын æмæ цалдæр секунды банхъæлмæ кæсын сигналы фæзындмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, раздæр иу ацы бынаты хæдтулгæтæ нымбырд сты фистæгцæуджыты тыххæй. Ногдзинад фæзынд горæты астæу æнцонвадат уавæртæ саразыны домæнтæм гæсгæ. Ацы аз фæнд кæнынц 60 ахæм мадзалы баххæст кæнын.
















