Социалон æмæ экономикон къабазтæн æххуысы мадзæлттыл æрныхас кодтой Оперативон штабы æмбырды. Амыдта йæ премьер Дзанайты Барис.
Республикæйы парламенты æркастысты æмæ сфидар кодтой дыууæ закъоны проекты, сæ нысан – амалхъомадæн æххуыс, ахæмтæ. Уыдоны ‘хсæн – базарадон центрты хицæуттæн æмæ телекоммуникацийы къабазæн æххуыс. Профилон министр Кучиты Зауыры ныхæстæм гæсгæ, сæ исбонады хъалон уыдзæн ныллæгдæр – нысангонд ставкæтæй 50%. Ацæ æххуысы мадзалæй сæ бон спайда кæнын у республикæйы 90 куыстуатæй фылдæрæн. Хъæууон хæдзарадыл куы дзурæм, уæд уым та мадзæлттæ æххæст кæнынц дыууæ паддзахадон программæйы – «Хъæууон хæдзарады райрæзт, стæй хойрæгты æмæ хомаджы æргъты бæрцыл архайын» æмæ «Хъæуты фæзуæтты иумæйаг райрæзт», зæгъгæ.
Уымæй уæлдай ма Уæрæсейы хицауады рахастой уынаффæ уæлæмхасæн хуызы рахай кæнын 173 милуан сомы, республикæйы хъæууон хæдзарады къабазы райрæзтæн. Хоры æмæ зетийы культурæты куыст чи кæны, уыдонæн. Хициуад бабар кодта профилон министрадæн фæрæзтæ аграрийтæм тагъд рæстæджы фæхæццæкæнын.
















