Цæгат Ирыстоны сыгъдæг цæугæдæттæ сты валер кæсаг парахат кæнынæн фыццаджыдæр хъæугæ фæрæз. Уæвгæ, бынæттон кæсаг чи æлхæнджыты нымæц фылдæрæй фылдæр кæны. Уæй та йæ кæнынц æгас Уæрæсейы. Продукцийы хæрзхъæддзинадмæ та сæ цæст дарынц Уæрæсейы хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды федералон службæ.
Ацы бынат у Хъахъхъæдуры кæсаг дарыны куыстуат «Остров»-ы æртæ фæзуатæй иу. Ам ис 85 донуаты. Рауадзынц дзы балер кæсаджы хуызтæй иу. Лæппынгæсæгтæ æрбаласынц Æрыдоны цы сæрмагонд комплекс ис, уырдыгæй. Иу донуаты ауадзынц 2000 мин кæсагмæ хæстæг. Дон дзы сæрмагонд кусæнгарзы фæрцы схъæздыг кæнынц туаггуырæй. Кæсæгтæн дзы ис сæрмагонд хæрæн бынат. Уæвгæ, сын цы хæрын кæнынц, уымæ куыстуаты бæрнон цæстæй кæсынц.
Куыд сыгъдæггонд цæуы кæсæгты дон, стæй сæ цы уавæрты дарнынц, уый сбæрæг кодтой Уæрæсæйы хъæууон-хæдзарадон цæстдарды федералон службæйы кусджытæ. Куыстуат «Остров» йæ продукци парахат кæны æппæт Уæрæссейыл дæр, уымæй уæлдай-ма хæстæг фæсайрæнаг бæстæтыл дæр. Ацы хатт кæсаг аласдзысты Мæскуыйы облæстмæ. Ис дзы валер кæсаджы 14 тонны. Бынатмæ сæ куыд фæхæццæ кæнынц, уымæ дæр йæ цæст дары паддзахадон инспектор. Дзырдæн зæгъæм, ацы аз иртæстыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ продукци у хæрзхъæддзинадмæ фарстатæ нæ сæвзæрд.
Ахæм басгæрстытæ Уæрæсейы хъæууон-хæдзрадон цæстдарды управлени саразы нæ республикæйы æппæт кæсагдарæн куыстуæтты дæр. Ацы аз æдæппæтæй бæрнон куыстуаты специалисттæ сбæрæг кодтой кæсаджы продукцийы 50 хуызы хæрзхъæддзинад.















