Социалон объектты арæзтад, рацарæзт, бындурон цалцæджы фæдыл æмбырд сарæзта премьер Дзанайты Барис. Хатдзæгтæ æмæ нысанты тыххæй йын радзырдтой бæрнон министртæ æмæ районты сæргълæуджытæ. Байхъуыста объектты контрактацийы æмæ ныртæккæйы архайды фæдыл докладтæм дæр.
Хицауады сæрдар куыд загъта, афтæмæй регионы разамонæг бабар кодта цæрдæгдæр кусын, сæвзæргæ уавæртæ та-иу райхалын æвæстиатæй. Уæлдай æргом хъæуы аздахын цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ фæндæгтæм. Къаддæр ахсджиаг нæу скъолаты цалцæг дæр. Цæрджыты уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн федералон æмæ регионалон бюджеттæй дзæвгар фæрæзтæ хайгонд цæуынц. Æмæ сæ пайдаимæ схардз кæнынæн æххæстгæнæг оргæнты разамонджытæ хъуамæ алы куыст дæр кæной, — бафтыдта премьер.
















