Горæт куы ныссабыр вæййы, уæд ралæууы “Спецэкосервис”-ы кусджыты рад. Æфснайынмæ рацæуынц æхсæвы дыууæ сахатыл. Уынгтæ ныммæрзынц, бырон сæмбырд кæнынц, ныссыгъдæг кæнынц кæрдæгфæзтæ. Уæлдай æргом аздахынц фистæгцæуджыты зонæтæ, тротуартæ æмæ æхсæнадон транспорты æрлæууæн бынæттæм.
Фæстæдæр горæты уынгтæм рацæуы сæрмагонд техникæ. Донпырхгæнæн æмæ рыгцъирæн машинæтæ æмæ самосвалтæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй фылдæр бырон вæййы горæты сæйраг уынгтыл. Уымæ гæсгæ ацы бынæтты кусынц дыууæ фæлтæрмæ гæсгæ. Æхсæвы æмæ сихорæй.
Горæт æххæстæй æфснайд æрцæуы. Фæлæ куыстуаты минæвæрттæ куыд радзырдтой, афтæмæй æппæты æвзæр уавæр сæвзæры Ирыстойнаг æмæ Цæгат-Ныгуылæн районты. Егъау арæзтад дзы кæй цæуы, уымæ гæсгæ дзы ног бырон дыууæ сахатæй дыууæ сахатмæ фæзыны. Æмткæй иу сменæйы кусы техникæйы 12 иуæджы æмæ 260 адæймаджы.
Горæты уынгтæ æфснайынц æрвылбон. Цыфæнды боныхъæды. Уыимæ ма 4 аварион къорды æхсæвæй-бонæй кæсынц светофорты куыстмæ.
















