Спорты галуан «Манеж»-ы спортивон-технологон гæрзтæ иууылдæр ивд æрцæудзысты. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Физкультурæ æмæ спорты министр Кочиты Сослан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Манеж»-ы рацарæзт райдайдзæн иннæ аз. Ныридæгæн Уæрæсейы Спорты министрадмæ хъæугæ гæххæттытæ балæвæрдтой. Уым ацы аз уынаффæ рахæсдзысты æхцайы фæрæзтæ рахай кæныны тыххæй.
Кочиты Сослан ма куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй афæдзы дæргъы Дзæуджыхъæуы райдайдзæн дыууæ егъау спортивон объекты арæзтад — Æхгæд футболон манеж æмæ 50 метры дӕргъӕн бассейн.
















