Фæсивæд сæ бæллиццтæй куы нæ фæтæрсынц æмæ сæм тырнындзинæдтæ куы вæййы, уæд сын сæ фæндæгтæ æхгæнын нæ хъæуы. Бæрнон адæм уый куы фембарынц, уæд æрыгæтты рæзтæн дæр фадæттæ фæзыны. Джызæлы фæсивæд дæр сты курдиатджын æмæ фæндтæй хъæздыг. Фæлæ чысыл хъуæгтæ æййафынц. Спорты рæзтæн дзы фаг фадæттæ нæй. Хицауад уый æнæ уынгæ не сты. Куыд лыггонд цæуы фарста, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæджы.
Джызæлы фæсивæд æрмæст кафаг не сты. Хъуыстгонд ма сты спортуарзаг кæй сты, уымæй дæр. Джызæлы дыккæгæм астæуккаг скъола дæр ахæм сагсур фæсивæдæй цух не ййафы. Сæ иу – Солтанты Хетæг. Кæд æм олимпиадæ рамбулыны фæнд нырма нæй, уæддæр зæрдæргъæвдæй тырны спорты бæрзæндтæм.
Хетæджы хуызæн спортмæ æмхиц сты йе мгæрттæ дæр. Уыдоны дæр фæнды зындгон спортсментæ суæвын æмæ спорты бæрзонд къæпхæнтæм схизын. Тренировкæты сæхиуыл нæ ауæрдынц. Æмæ æфсæрмыгæнгæйæ æмæ худгæйæ фæзæгъынц: «Кæд Джызæлы кадыл кад бафтауиккам», зæгъгæ. Сæ фæндтæ та фидар сты .
Дзюдо æмæ хъæбысхæст Джызæлы æрыгон спортсментæн уæлдай уарзон сты. Фæлæ сæ спортивон зал æхгæд æрцыд. Тренировкæтæ сæм нæй. Æрыгон дзюдоист Влад нын уавæры тыххæй радзырдта.
Скъолайы кусджытæ даер сæ зæрдæ дарынц, нырыккон уавæртæ фæсивæдæн спорты бæрзæндтæм схизынæн фадат кæй ратдзысты, ууыл. Афтæмæй ацы скъолайы хæрзиуджыты къæбиц ног майдантæй æмæ хæрзиуджытæй фæхъæздыгдæр уаид. Айхъуысиккой та Джызæлы фæсивæды нæмттæ. Сæйрагдæр та уый у, æмæ сæм ис бæллицтæ кæй ис. Цалынмæ сæ фæндтæм тырнынц, уæдмæ сын æххуыс кæнын хъæуы. Уый æмбарынц Горæтгæроны районы разамынды уæнгтæ æмæ хъæуы админстрацийы дæр. Джызæлы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Доййаты Аслæнбеджы ныхæстæм гæсгæ, фæнд кæнынц хъæуы ног спортивон комплек саразын. Дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн æмæ дзы спорты æнтыстдзинæдттæ æвдисынæн фæсивæдæн уыдзæн æппæт уавæртæ .
Биджелты Бертæ
















