Стадион “Спартак” техникон хуызы байгом уыдзæн июлы. Уый тыххæй фехъусын кота Атарты Георгий. Вице-премьеры ныхасмæ гæсгæ, арæзтадон куыстыты фæстæ хъæудзæн гæххæттытæ снывыл кæнын æмæ объект эусплуалацийы раттын.
Æхцайæ æввонг кæныны хъуыддаджы къуылымпыдзинæдтæ нæй. Ныртæккæ куыстытæ сты кæронобæттæн къæпхæныл. Пресс-конференцийы ныхас цыд горæты кæрон цы Сахар-спутник саразынвæнд кæнынц, ууыл дæр. Уый уыдзæн нырыккон цæрæн комплекс размæцыд инфраструктурæимæ: сывæллæтты рæвдауæндæттæ, скъолатæ, футбол æмæ теннисы академитæ. Мастер-пълан, цæрджыты фиппаинæгтæ хынцгæйæ, ивд æрцыд æртæ хатты. Бирæфатерон хæдзæртты проекттæ ныридæгæн цæттæ кæнынц. Арæзтадон фæзуæттæм рахиздзысты афæдзы кæрон, кæнæ ног азы райдиан. Проект сæххæст кæныны æмгъуыд — 10-15 азы.
















