Абон райсомы 4 сахаты æмæ 23 минутыл Мæздæджы районы æмæ Стъараполы крайы арæныл, станицæ Павлодольскæмæ хæстæг уæлдæфон хъахъхъæнынады тыхтæ æрæппæрстой æнæпилотон тæхæг аппарат. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Уый тыххæй хъусын кæны Сергей Меняйло.
Бынаты кусынц барадон оргæнты специалисттæ, арæзт цæуынц оперативон-слестгæнæн мадзæлттæ. Сæргълæууæг цæрджытæй курæг у, цæмæй æууæндой æрмæст официалон информацийыл.
















