Æппæтуæрæсеон акци #СТОПВИЧСПИД сарæзтой Дзæуджыхъæуы. Абон наукон чиныгдоны медиктæ-бархионтæ сарæзтой квест. Йæ сæйраг хæс уыд фæсивæды ргом ахæм ахсджиагфарстамæ аздахын. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, квесты руаджы æрыгæттæ уыцы низы тыххæй сæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæндзысты. Архайдтой дзы 7 къорды алы ахуыргæнæндæттæй. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Уымæй уæлдай ма, мадзал аразджытæ фæбæрæг кодтой, 3-æм декабрмæ профилактикон лекцитæ æмæ тренингтæ СПИД-ы ныхмæ кæй араздзысты скъолаты, уæлдæр æмæ профессионалон ахуыргæнæндæтты.
Мадзал аразæг Альберт Итов: «Ацы мадзал у тынг ахсджиаг, уымæн æмæ ВИЧ-æй рынчынтæ сты бирæ. Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейы алы бон дæр ацы инфекцийæ фæрынчын вæййынц 10 адæймаджы. Уый та у тынг бирæ».