preloader
сейчас в эфире
07:35
ИМЕНА 12+
Смотрите Далее
07:40
НЕЗАМЕНИМЫЕ +
08:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
08:05
СЕМЬЯ 12+
08:30
ПРОСВЕТ 12+
09:00
ПРЯМОЙ ЭФИР. БЕСЛАН СЕЙЧАС 12+
ТВ ПРОГРАММА
ИМЕНА 12+
close

Сунжæйы скъола æмæ сывæллæтты рæвдауæндон къæвдайы рæстæг донæй байдзаг вæййынц

4.06.2024 19:21

Фыццаг уæладзыг донæй байдзаг вæййы. Æддæмæ йæ бахъæуы къустæй калын. Уый фæстæ та бæрзонд уымæлад æмæ хъуына.

Ахæм уавæры вæййы Сунжæйы рæвдауæндон алы къæвдайы фæстæ дæр. Фыццаг уæладзыг донæй байдзаг вæййы. Æддæмæ йæ бахъæуы къустæй калын. Уый фæстæ та бæрзонд уымæлад æмæ хъуына. Æмæ ахæм фадæтты æрвылбон вæййынц чысыл сабитæ. Рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ сæ хæстæй уæлдай æххæст кæнынц цалцæггæнæн куыстытæ дæр. Сæхи тыхтæй ныссыгъдæг кæнынц цартæ, къултæ.

Фæлæ та сын сæ архайд радон къæвда ахæссы. Рæвдауæндоны комкоммæ ис скъола. Ахуыр дзы кæны 270 сывæллонæй фылдæр. Фæлæ æрмæст 9-æм къласы онг, сæ уавæртæ нæ амонынц, цæмæй æнахъомтæ 11-æм къласы онг ам ахуыр кæной. Бæстыхай сарæзтой 70 азы размæ. Æмæ кæд бындуронæй цалцæггонд фарон уыд, уæддæр бæстыхай алы къæвдайы фæстæ дæр фæстæмæ донæй байдзаг вæййы. Бæстыхайы ныккæнд æмæ къултæ æппынæдзух сты уымæл.

Фарон ныккæнды сæвæрдтой донцъирæн, фæлæ доны æлхъывдадæн нæ бафæрæзта æмæ басыгъд. Ныр сæ хъæуы ног донцъирæн балхæнын. Æппæтæй фылдæр дон бакæлы хæрæндон æмæ райдаин скъолайы бæстыхаймæ. Арæх сывæллæттæн сæ къласæй хæрæндонмæ бацæуæн дæр нæ вæййы, дон æмæ цъыфы аххосæй. Цæрджытæ иу æмæ дыууæ хатты сæ хъаст нæ бахастой бæрнон куыстуæттæм. Фæлæ уавæр ныры онг дæр нæма аивта. Уæвгæ, скъолайы лыггæнинаг фарстатæ бирæ ис.

Фарон сæрд, скъолайы заууат уавæртæ хынцгæйæ дзы нæ уыд сæрдыгон лагерь дæр. Уавæр афтæ рауайдзæн, уый иууылдæр æмбæрстой, зæгъы скъолайы директор. Цæрджыты фæнды, цæмæй хъæуы фæзына ног скъола, кæнæ та ацы ахуыргæнæндонмæ бæстонæй базилой, аиуварс кæной æппæт лыггæнинаг фарстатæ дæр.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
30.08.2026 I Вместе за безопасность
30.08.2026
Храп I Медикум
30.08.2026
Лидия Цахилова I Нараспашку
29.08.2026
29.08.2026 I Кувæг Ир
29.08.2026
29.08.2026 I На крючке
29.08.2026
Ход истории I Скифский мир
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Выборы-2026. Дебаты
28.08.2026
Многоликое искусство I Доброе утро, Осетия!
28.08.2026
Все рекомендуемое