Беслæны арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон акци «Хъайтартæ не `хсæн», зæгъгæ. Йæ фæлгæты нæ республикæйы æппæтуæрæсеон адæмон фронты фæсивæд саив кодтой, Беслæны скъолайы цауты рæстæг чи фæмард, уыдоны номыл аллейæ.
Ныссагътой дзы тулдз бæлæстæ. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, тулдз бæлас у хъæбатырдзинад æмæ хъаруйы нысан. Бæлæстæ байрæздзысты æмæ нын нæ зæрдыл лæууын кæндзысты уыцы зынгхуыст хъайтарты нæмттæ. Базылдысты ма Джыбылаты Зауыры номыл аллеямæ дæр. Номарæн мадзалмæ æрбацыдысты Уæрæсейы хъайтар Валерий Куков, студенттæ æмæ экологон центры бархионтæ. Акци арæзт æрцыд дыккаг хатт.
Фарон 50 бæласы ныссагътой æхсæнадон архайджытæ æмæ ахуыргæнинæгты иумæйаг хъарутæй.
















