Фæндаггон æдасдзинады домæнтæ зын не `сты. Фæлæ сæ бирæтæ халынц. уымæй уæлдай ма сывæллæттæ ласгæйæ дæр. Хъыгагæн ацы аз сывæллæтты архайдимæ фæндаггон фыдбылызты нымæц 10 проценты фæфылдæр. Автоинспекцийы кусджытæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй фыдбылызы фæстиуджытæ афтæ уæззау нæ уаиккæй, сывæллæттæ иу сæрмагонд бадæн бынæтты куы бадиккой уæд. Шофыртæн ацы хъуыддаджы фæдыл арæзт цæуынц профилактикон куыстытæ æмæ рейдтæ.
Сæумæрайсом. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сгарынц хæдтулгæтæ. Шофырты бафхæрын сæ сæйраг нысан нæу. Æмбарын сын кæнынц, сывæллоны цардæй ахсджиагдæр зæххыл кæй ницы ис, æмæ сæ машинæты куыд æмбæлы афтæ ласын кæй хъæуы, уый.
Инспектортæ сæдæ машинæйæ фылдæр басгæрстой. Куыд зæгъынц афтæмæй сæ фылдæр фæдаггон фæтк нæ халынц. 7 азы цы сывæллæттыл цæуы уыдон машинæты бадтысты сæрмагонд уромæн бынæтты, хистæр кары сывæллæттæ та баст æдасдзинады ронæй. Фæлæ æдасдзинады домæнтæм куыд фæндыйы цæстæй чи кæсы, ахæмтæ дæр разынд.
Инспектортæ куыд хъусын кæнынц афтæмæй сæрмагонд бадæн бынат сывæллон йæ цард бахъахъхъæны. Æнæ ахæм бынаттæй фæндаггон фыдбылызтæ æвзæрдæр фæстиуджытæм расайынц. Зæгъын ма хъæуый уый, æмæ статистикæмæ гæсгæ хъыгагæн сывæллæтты æнæниздзинад хъыгдард кæм баййыфы, ахæм фæндаггон фыдбылызтæ ацы аз 10 % фæфылдæр сты.
Фæндагггон æдасдзинады управленийы инспектортæ хъусын кæнынц: Сывæллæтты хæтдулгæйыл цæугæйæ хъæбысы чи дары, уыдонмæ дзæгъæлы афтæ кæсы, æмæ сын сæ æдасдзинадыл батыхстысты. Цыфæнды хъæддых куы хæцай сывæллоныл, уæддæр æй бахъуаджы рæстæг зынтæй ис бауромæн. Фæндаггон фæтк чи хала, уыцы шофырты ивар кæндзысты 3 мин сомæй. Уыцы ивар фидыны бæсты æнцондæр у сывæллæттæн сæрмагонд бадæн бынæттæ балхæнын.
Уазиты Зæлинæ
















