Сывæллæтты фыццæгæм поликлиникæ бындурон цалцæг никуы бавзæрста. 1973-æм азы арæзт бæстыхайы, кæй зæгъын æй хъæуы, хъармгæнæн, электрон тых дæттæн æмæ иннæ системæтæ, уыдысты ивинаг, базилын хъуыд агъуыстытæм дæр.
Рудзгуытæ æмæ бæстыхайы сæр — ног. Разуынд, алфамбылай фæзуат æмæ сæйраг бахизæн дæр саив кæндзысты. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй дзаума дæр иууылдæр ивд æрцæудзæн. Хуыздæр уавæртæ аразæм куыд пациенттæн, афтæ нæ дохтыртæн дæр, — зæгъы сæйраг дохтыр Таматы Мурат.
Фыццаг æмæ æртыккаг уæладзгуытæ, зæгъæн ис, æмæ цæттæ сты. Дыккагыл ма къултæ сахорын æмæ линолеум байтауын хъæуы. Аразджытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц электромонтаж æмæ сантехникæйы куыстытæ. Уæлдай æргом — рентген кабинеты цалцæгмæ. Сывæллæтты фыццæгæм поликлиникæйы рацарæзт къухы бафтыд национ проект “Æнæниз æмæ дæргъвæтин цард”-ы фæлгæты. Æнхъæлмæ кæсæм кæронбæттæн фæлгонцадон куыстыты фæудмæ. Чысыл пациенттæ дзæбæхгæнæндонмæ бакъахдзæф кæндзысты ацы аз.
















