Сывæллæтты лагерь «Стъалы»-йы байгом цыппæрæм сæрдыгон фæлтæр. Фæсивæдимæ кусынц мадæлон æвзаг æмæ культурæйы рæзты программæмæ гæсгæ. Сабиты хъомыладыл архайынц Дзæуджыхъæуы скъолаты хуыздæр ахуыргæнджытæ. Лагеры директоры ныхæстæм гæсгæ дзы алкæимæ дæр рагагъоммæ аныхас кодтой, уый фæстæ хуыздæрты райстой сывæллæттимæ кусынмæ. Амонынц сын нæ фыдæлты культурæ. Дзурынц сын традициты тыххæй, ахуыр сæ кæнынц ирон кафт æмæ армдæсныты куыстыл.
Футбол, бассейн, экскурситæ æмæ викторинæтæ – сывæллæттæн сæ уарзондæр ирхæфсæн рæстæг. Ам сывæллæтты дзæбæхгæнæн лагерь «Стъалы»-йы сабитæ сæхи хорз æнкъарынц. Улæфынц дзы 30 сывæллоны. Сæ фылдæр сты царды зын уавæрты чи бахауд æмæ æххуысцух бинонты чи хъомыл кæны ахæмтæ.
Лагеры улæфынц 7 азæй – 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм 30 сывæллоны. Æхсæвиуат дæр ам кæнынц. Сывæллæттæм сæ хъус дарынц фæлтæрдджын хъомылгæнджытæ. Архайынц сабиты зæрдæты æхсызгон æнкъарæнтæ гуырын кæныныл. Саразынц сын экскурситæ Дзæуджыхъæуы музейтæм, ахуыр сæ кæнынц бæхыл дугъы уайын. Хъомылгæнджытæм куыд кæсы, афтæмæй ам ис саразæн этнолагерь. Архайынц ууыл дæр, цæмæй сабитæ сæ мадæлон æвзаг ахуыр кæной.
Кудзаты Светланæ, сывæллæтты лагерь «Стъалы»-йы директор: «Нæ сæйраг хъуыды – не ргом ирон æвзагмæ аздахын. Уый та фæнд кæнæм театралон равдыстыты хуызы скæнын. Æвæриккам сæ куыд ирон, афтæ уырыссаг аргъæутты бындурыл дæр. Æрмæст ирон æвзагыл. Уымæй дарддæр ма сывæллæтты зонгæ кæнæм национ цардыуагимæ æмæ уæлæдарсимæ. Уымæн æмæ ахсджиаг у – ирон культурæ æмæ традицитæ бындуронæй бамбарын. Вæййы ма сын фадат бæхыл бадгæйæ атезгъо кæнынæн дæр. Уымæй уæлдай ирон кæфтытæ æмæ ирон чъиритæ кæныны дæсныйад æвдисæг ахуыртæ. Мæнмæ гæсгæ сæ уый сцымыдис кæндзæн мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ».
«Стъалы»-йы алы аз дæр суазæг кæнынц сывæллæтты 4 фæлтæры. Ис дзы футболæй хъазынæн фæз, бассейн. Сывæллæтты æнæниздзинадмæ йæ хъус дары дохтыр. Сывæллæттæ сихорыл фынæй дæр акæнынц, уый фæстæ та сын аходæн вæййы. Хæрын та сын кæнынц, бон 4 хатты. «Стъалы»- йы разамынды стырдæр бæллиц та у, цæмæй сæм хæстæгдæр рæстæг хи транспорт фæзына. Хъаст кæнынц иуæй-иухатт сæм рухс кæй ахуыссын кæнынц, уымæй дæр.
Лагеры, æнæмæнг, хъуамæ уа физкультурон-дзæбæхгæнæн бæстыхæйттæ. «Стъалы»-йæн та ис стыр авналæнтæ, зæгъы хъомыладон куысты хайады разамонæг, Плиты Сергей. Йæ ныхæстæм гæсгæ дыууæ уæладзыгон бæстыхайы руаджы, лагерæн йæ бон кусын уыдзæн бæстондæр. Уыимæ ма æрвылаз.
Ног бæстыхай куы фæзына уæд фæзындзысты ног гæнæнтæ дæр.
Фæлладуадзæн бынаты сывæллæттæ уæнгрогдæрæй æмæ хъæлдзæгдæрæй йæ рæстæг æрвитдзæн.
Брытъиаты Феликс
















