preloader
сейчас в эфире
23:28
АНТРАКТ 12+
Смотрите Далее
00:00
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
АНТРАКТ 12+
close

Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны уыд документалон кинонывы премьерæ

21.03.2022 13:40

Сæйраг хъайтартæ дзы систы йе ‘нæниздзинад хъыгдæр кæмæн у, фæлæ æгæрон курдиаты хицау чи сты, уыцы адæм. Уырыссаг æвзагæй тæлмац кæнгæйæ сæ «хурæнгæс» хонынц. Сæ алыварс дуне свæййы зæрдæхæлар.

Дзæуджыхъæуы ацыд документалон кинонывы презентаци. Сæйраг хъайтартæ дзы систы йе ‘нæниздзинад хъыгдæр кæмæн у, фæлæ æгæрон курдиаты хицау чи сты, уыцы адæм. Уырыссаг æвзагæй тæлмац кæнгæйæ сæ «хурæнгæс» хонынц. Сæ алыварс дуне свæййы зæрдæхæлар.


Алцæмæдæр арæхсынц. Кафынмæ, зарынмæ, сценæйыл хъазынмæ, суанг ма рэп дæр кæсынц. Уырыссаг æвзагæй тæлмац кæнгæйæ сæ хонынц «хурæнгæс» — куыд сывæллæтты, афтæ хистæрты дæр. Ацы адæм цæрынц нæ алыварс. Ууыл дзурæг у режиссер Дмитрий Зубаревы киноныв «Мы есть! Мы здесь!», зæгъгæ. Документалон лентæ фенæн уыд Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны. Сценарийы автор — Бзарты Аланæ.

Ацы киноныв инклюзивон сфæлдыстадон къордтæ æмæ сæ разамонджыты тыххæй у фыццаг. Лентæйыл бæстон куыст фӕкодтой афæдзы дæргъы. Ист цыд республикæйы алы районы дæр. Киноныв сисыны хъæппæрис разынд æхсæнадон организаци «Время перемен»-ы разамонæг Хъотайты Альбинæмæ. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ ацы аз ацы иугонды равзæрдыл æххæст кæны 5 азы.

8-аздзыд Фидараты Яринæйæн дæр йе ‘нæниздзинад хъыгдæр у. Ахуыр кæны Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы. Йæхи фæлвары моделы дæсныйады.

Документалон лентæ чи федта, уыдоны зæрдæтæ байдзаг сты алыхуызон æнкъарæнтæй. Уды арфытӕй цы рæсугъд хъуыды рацыд, уый адӕммӕ фæхæццæ.

Докуметалон киноныв «Мы есть! Мы здесь!»-ы премьерæ сбастой Дауны синдромы æппæтадæмон бонимæ. Цардмæ рауадзын та къухы бафтыд Уæрæсейы культурæйы министрады æххуысæй, исгæ та йæ скодта киностуди «Аланофильм».

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
28.10.2026 I Доброе утро, Осетия!
28.10.2026
Донифарс. Ледник Тана I Вокзал для двоих
27.10.2026
Тамара Аликова I Профессиональный путь
27.10.2026
Ахуыргæнджыты форум, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс æмæ дохтыры хорзæх I Йæ рæстæгыл
27.10.2026
Инвестиции I Разбор полетов
27.10.2026
27.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
27.10.2026
Бибылты Светланæ I Фæрдгуытæ
26.10.2026
Причины роста цен на проезд в общественном транспорте, поддержка предпринимателей в районах, победители международного конкурса I Самое время
26.10.2026
Профилактика распространения заведомо ложной информации (фейков) об использовании вооруженных сил РФ I Национальные интересы
26.10.2026
Искусство дзюдо I Доброе утро, Осетия
26.10.2026
В итоге: 25.10.2026
25.10.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 25.10.2026
25.10.2026
Медикум I 25.10.2026
25.10.2026
Аивады фæз I Дзагоева Жанна
24.10.2026
Хуыцауы Дзуары бон Црауы | Кувæг Ир
24.10.2026
Все рекомендуемое