Уæрæсейы сæйраг горæты дарддæр цæуы агропромышленнон равдыст.
Йæ ном, куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй хуыйны «Сызгъæрин фæззæг». Абон у йе `ртыккаг бон. Цæгат Ирыстоны стендмæ æрбацыд парти ЛДПР-ы сæрдар Владимир Жириновский. Сахуыста ирон бæгæныйæ, уæдæ ирон чъиритæй дæр – афтæ.
Канд йæхæдæг нæ, фæлæ ма йемæ чи уыдис, уыдонæн дæр ирон чъиритæ Жириновский байуæрста йæхæдæг. Стæй йæ хъуыдытæ загъта Цæгат Ирыстоны фадæттæ æмæ авналæнты тыххæй.
Уымæй дарддæр ма агропромышленнон равдысты абон фенæн уыдис хъæууон хæдзарады фосы мыккаг дæр. Чи сæ æрбаласта, уыдон уазджытæн райдыдтой, нырыккон технологитæй гæсгæ сæм куыд зилæн ис æмæ сæ цы пайда райсæн ис, уый тыххæй.
















