Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæгæй нысангонд æрцыд Таболты Сергей. Уый тыххæй хъусын кæнынц бæрнады пресс-службæйæ. Раздæр уыд бæстæйы Пенсион фонды республикон хайады сæргъы.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2023-æм азы 1-æм январæй кусын райдыдта Уæрæсейы Социалон фонд. Иугонд дзы æрцыдысты Пенсион æмæ социалон фæдзæхстады фондтæ.
















