Ижевскæй райгуырæн Ирыстонмæ къорд афтид къухтæй нæ æрыздæхт. Цирчы фестивалы “Нарты” райстой дыууæ хорзæхы: Удмуртийы сæргълæууæджы лæвар æмæ Бурятийы паддзахадон цирчы сæрмагонд приз. Ахæм æнтыстдзинæдтæ райсын сын æнцон нæ рауад. Фыццæгты куыд артисттæн афтæ бæхтæн дæр зын уыд, зæгъы Къелойты Майæ.
Саргъыл рагæй ис, æмæ уымæ гæсгæ æппындæр нæ фæтыхст. Уæдæ фæзыл дæр æнтыстджын фыццаг хатт нæу. Гамлет”, “Школа Шутов”, “Посвящение семерым» – ахæм хъæздыг репертуарæй алы артист нæ раппæлдзæн. Иттæг хорз сæ хæстæ сæххæст кодтой цыппÆркъахыг æмкусджытæ дæр.
Ирон сценæйы ноджы иу легендæ. Багаты Хъазыбег зæгъы, фæцахуыр уæвынæн рæстæг нæ уыд – цæттæгæнæн мадзæлттæн радих кодтой дыууæ боны. Фыццæгты бæхтæ адæмы размæ рацæуын тæрсгæ кодтой. Фæлæ рæстæгимæ бæстон архайды фæрцы фæцахуыр сты. Раззагдæр равдыстытæм коллектив цыд иттæг хорз цæттæгондæй.
Фестивалы архайдтой æвзонг артисттæ дæр. Бекъойты Мæдинæ ныридæгæн гастрольты уыд æртыккаг хатт.
Аивадуарзджытæ зæрдиагæй сæмбæлдысты ирон барджытыл. Æмбал кæмæн нæй, уыцы хъуыстгонд джигитовкæ бынæттон цæрджытæ бирæ рæстæг нæ ферох кæндзысты. Нæ барджытæ иу аренæйыл архайдтой Австри, Бельги, Аргентинæйы артисттимæ. Уыдонæн цымыдисаг уыд ирон культурæимæ базонгæ уæвын.
Ивгъуыд фестивалы уæрæсейаг артисттæ иннæтæй фылдæр хæрзæхтæ райстой. Сыгъзæрин майдан саккаг кодтой быдзæуты къорд “Без носков”-æн. Ирон барджытæн та Ижевскы уæлдай аргъ скодтой. Театры директоры ныхасмæ гæсгæ, йæм ныры онг дæр йе ‘мкусджытæ Удмуртийæ арфæйы ныхæстимæ æрбадзурынц.
Дарддæр театры размæ стыр нысантæ ис. Ног равдыстытæ æмæ гастрольтæ, ныртæккæ дæр бæстон цæттæгæнæн куыст цæуы.
















