preloader
сейчас в эфире
00:09
САМОЕ ВРЕМЯ (ПОВТОР) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 16+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
01:05
НОВОСТИ ( ПОВТОР) 12+
01:25
ВСЕ СНАЧАЛА 12+
ТВ ПРОГРАММА
САМОЕ ВРЕМЯ (ПОВТОР) 12+
close

Томайты Аслæнбег 45 азы дары мыдыбындзытæ

20.05.2024 15:00

Мыддары сæйраг нысан та ныридæгæн у зымæгмæ бындзыты нымæц ноджы фæфылдæр кæнын.

Ахæм карз фæздæг мыдыбындзытæн у фыдбылызы хос. Тагъд тагъдæй райдайынц мыд хæрын, фæстауæрц æй фæкæнынц сæ гуцъайы. Дарддæр та нал фæхатынц феромонтæ, фæстæдæр та бынтон æрсабыр вæййынц, афтæ сæм фæкæсы æмæ фыдбылызæй аирвæзтысты. Афтæмæй мыдгæс æнцонæй сæмбырд кæны мыд, фæархайы чыргъæдтимæ, тæссаг ын нал вæййы мыдыбындзыты хæцтæй.

Уæвгæ, Томайты Аслæнбег мыдыбындзыты хæцтытæй æппындæр нæ тæрсы. Куыд нын радзырдта, афтæмæй йын уыцы хъуыддаг æхцондзинад дæр ма хæссы. Йæ буар сыл рагæй сахуыр. Хи хъахъхъæнæн уæлæдарæс та фæстаг хатт кæд скодта, уый хъуыды дæр нал кæны. 45 азæй фылдæр халсартæ зайын кæныны бæсты йæ цæхæрадоны ис мыдыбындзыты дæсгай чысыл хæдзары. Ныртæккæ йæ бындздоны ис 350 бинонтæ. Сæрмагонд павильонты сæ аласы нектарæй хъæздыг бынæттæм. Рапс, бæлтæрна, сауфагæ æмæ бирæ æндæр кæрдæджытæй хъæздыг быдыртæм. Ныртæккæ сæ цæттæ кæнынц Стъараполы краймæ, уым æмбырд кæндзысты акъаци.

Мыды бæрц, сæйрагдæр та йæ хæрзхъæддзинад бирæ миниуджытæй аразгæ сты. Æрмæст иу мæнæ ахæм хæдзарæй сезонмæ æрдуцынц 15 кг мыд. Томайты Аслæнбег бындзыты куыст кæны 17 азæй нырмæ. Скъола каст куы фæцис, уæд йæ хæларимæ сфæнд кодтой мыдыбындзытæ дарыны фæдыл ахуыртæ ацæуын. Дарддæр æй практикæмæ арвыстой Мæздæгмæ. Ацы дæсныйад афтæ тынг бауарзта, æмæ æфсады службæйы фæстæ фидарæй снысан кодта дарддæр ацы къабазы архайын. Самал кодта мыдыбындзытæ æд чыргъæдтæ. Ныр йæ цард æнæ ацы архайдæй нал уыны.

Афтæ 84-æм азы иу рæдыды тыххæй Аслæнбег фесæфта йæ бындзытæ. 50 хæдзары æмæ 2 павильоны, 200 бинонтимæ. Йæ чысыл фæллойгæнджыты аласта Мæздæджы районмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй быдыр уыд хосæй пырх. Къæвдайы фæстæ рапс йæхимæ сцъырдта уыцы хос. Афтæмæй сахаты ‘рдæгмæ мыдыбындзытæ иууылдæр амардысты. Йæ куыст ногæй райдайын æнцон нæ уыд.

Томайты Аслæнбеджы мыдыбындзытæ мыд дæтдзысты суанг октябры онг. Мыддары сæйраг нысан та ныридæгæн у зымæгмæ бындзыты нымæц ноджы фæфылдæр кæнын.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Один из способов изготовления кобанских металлических предметов I Ossetica
29.06.2026
Школьный выпускной I Доброе утро, Осетия!
29.06.2026
В итоге: 28.06.2026
28.06.2026
Хуыриаты Валерий | Аивады фæз
27.06.2026
Вторая жизнь любимых песен | В своём кругу
27.06.2026
Виталий Сланов I По большому счету
26.06.2026
Артаг, Тугъанты Махарбеджы мысæн бон æмæ Брытъиаты Елбыздыхъойы ног цыртдзæвæн I Йæ рæстæгыл
26.06.2026
День молодежи I Доброе утро, Осетия!
26.06.2026
Топливный кризис в России I Бизнес сфера
25.06.2026
Гæздæнты Булаты мысæн изæр I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
25.06.2026
Дефицит рабочих кадров | Национальные интересы
24.06.2026
Тамара Щукина I Дело мастера
24.06.2026
«Право на риск. Отрасль с нуля» I Точка отсчёта
24.06.2026
Переливание крови I Доброе утро, Осетия!
24.06.2026
Поэзийы театр æмæ балалайкæйы бон I Йæ рæстæгыл
23.06.2026
Все рекомендуемое