preloader
сейчас в эфире
16:43
КУЫД ЗÆГЪАЙ, АФТÆ! 12+
Смотрите Далее
17:30
НЫСАНТÆ 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
ПО БОЛЬШОМУ СЧЕТУ. ДАВИД ДЗУГКАЕВ 12+
19:00
ХАБÆРТТÆ 12+
19:30
ЙÆ РÆСТÆГЫЛ 12+
ТВ ПРОГРАММА
КУЫД ЗÆГЪАЙ, АФТÆ! 12+
close

Цӕгат Ирыстоны 12 мин рауагъдонӕй фылдӕрӕн азӕлыд фӕстаг дзӕнгӕрӕг

26.05.2026 20:58

Фæсте баззадысты уроктæ, контролон æмæ хæдзармæ куыстытæ.

Сӕ ныййарджытӕ сӕ къласмӕ куыд ӕрбакодтой, уый хорз хъуыды кæнынц. Йӕ фыццаг фондз, партӕйы уæлхъус кæимæ æрбадт, уый. Куыд тыхстысты, хынцинæгтæ сын куы нæ уадысты, уӕд. Иуӕндӕсӕмкъласонтӕм у абон æргомздæхт, къухӕмдзӕгъд. Скъолайӕн хӕрзбон зӕгъын уыцы иу рӕстӕг у ӕнкъард ӕмӕ æхсызгон.

Республикӕйы ӕппӕт скъолаты дӕр фӕсивӕдӕн арфӕ кӕнынц фыццагкъласонтӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ. Кӕфтытӕ, зарджытӕ, мысинӕгтӕ скъолайы хуыздӕр бонты тыххӕй. Райдайы ахсджиаг къӕпхӕн дӕр. Хæстæгдæр рæстæг дӕтдзысты иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕнтӕ. Скъола “Диалог”-ы рауагъдонтӕм арфæйы ныхӕстимӕ фæсидт ахуырад ӕмӕ наукæйы министр Алыбегты Эллӕ.

Скъолайæн хæрзбон зæгъынц 4-æм гимназийы скъоладзаутæ дæр. Рауагъдонты лентытæ сæрбæрзондæй дарынц 9-æм къласы ахуырдзаутæ дæр. Мæхъиты Альберт бæрæгбоны вальсмæ йæхи цæттæ кодта дыууæ мæйы. Кæд йæхицæн фидарæй снысан кодта Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты бирæвæрсыг колледжмæ бацæуын, уæддæр æм фæстаг дзæнгæрæг сæвзæрын кодта алыхуызон æнкъарæнтæ.

Кадджын линейкæйы раздæры рауагъдонтæ дæр – Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды сæрдар Таболты Сергей æмæ республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Премьер ахуыргæнджытæн арфæ ракодта æмæ сын загъта бузныг сæ фæллойы тыххæй, балæвар сын кодта дидинджытæ. Уый фæстæ та фæсидт фидæны специалисттæм.

Фæсте баззадысты уроктæ, контролон æмæ хæдзармæ куыстытæ. Фæстаг дзæнгæрæг азæлыд республикæйы 12 мин рауагъдонæй фылдæрæн. Скъолайæ сæйрагдæр райстой зонындзинæдтæ, уыдон сын æххуыс уыдзысты æнтыстджынæй иумæйаг падздзахадон фæлварæнтæ раттынæн. Фæлæ бирæ азты сæ зæрдæты хæсдзысты мысинæгтæ скъолайы цы 11 азы арвыстой, уыдоны фæдыл.

 

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
25.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
25.08.2026
Артур Таймазов I По большому счету
24.08.2026
24.08.2026 I Самое время
24.08.2026
Дебаты. Выборы депутатов Государственной Думы 2026
24.08.2026
24.08.2026 I Доброе утро, Осетия!
24.08.2026
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин… I Гæздæнты Булат
23.08.2026
В итоге: 23.08.2026
23.08.2026
Агурӕг I 22.08.2026
22.08.2026
Аккорды мыслей I Земфира Цахилова
22.08.2026
Зæххыты уавæр, Къостайы хæдзар-музейы цалцæг æмæ спортсмен-экстремал I Йæ рæстæгыл
21.08.2026
Здоровая красота I Доброе утро, Осетия!
21.08.2026
20.08.2026 I Кадры
20.08.2026
20.08.2026 I Тактика
20.08.2026
Студенческие спортивные клубы, цветение амброзии и актуальные новости недели I Самое время
20.08.2026
20.08.2026 I Ирон чат
20.08.2026
Все рекомендуемое