Пациентæн йæ зæрдæ хæццæ кæны, хъаст кӕны лӕмӕгъдзинадӕй дæр. Дохтыр æм бӕлвырдгӕнӕн фӕрстытӕ дæтты æмæ дзуаппытæ картæмæ хæссы. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ, нӕлгоймагмӕ, гæнæн ис, фæзынд тӕссаг инфекци. Ныр хъуамæ райдайа вазыгджын архайд. Поликлиникӕ рынчынты райст бынтондӕр баурæдта. Алы къахдзӕф дӕр — æрмæст инструкцимӕ гӕсгӕ. Ахæм рæстæг лыстӕг хъуыддӕгтӕ нӕ вӕййы.
— Ахуыртæ аразӕм мадзӕлтты тактикӕйыл бакусыны нысанимӕ. Тӕссаг хӕцгӕ низӕй рынчын куы рабӕрӕг уа, уӕд цæмæй цæттæ уæм. Кусæм нӕ оперативон пъланы фæлгæты, фӕдзӕхсты схемӕтӕм гӕсгӕ, æххæстгонд цӕуы мадзӕлтты ӕгас комплекс.
Поликлиникӕмӕ рацыдысты дезинфектортӕ ӕмӕ Роспотребнадзоры специалисттӕ. Дохтыртӕ скодтой сӕрмагонд дарӕс. Агъуыст цӕттӕ кӕнынц ссыгъдæг кæнынмæ. Ахуыртӕ — уыцы иу рӕстӕг дыууӕ фӕзуатыл. Дыккаг — аэропорт. Уым рынчыны хъуамæ ракӕной хӕдтӕхӕгӕй. Иннæ пассажиртæн анкетӕтӕ скæной, борт ныхсой сæрмгонд буаргъæдтæй. Ахӕм тренировкӕтӕ хуымæтæг не сты, фӕлӕ хъæугæ та ӕнӕмӕнг кæнынц. Дохтырты хæс — кæддæриддæр цӕттӕ уæвын тагъд ӕмӕ ӕнӕ рӕдыдӕй архайынмӕ.
— Æвæстиаты хъусынгӕнинаг куы райсæм, уӕд дезинфекцион станцӕйы бригад ацӕуы бакуысты бынатмӕ. Скæнæм бæстон дезинфекци. Зындзинӕдтӕ дзы нӕй, ахуытрæ нӕм иу ӕмӕ дыууӕ хатты нæ уыд. Мах цӕттӕ стæм ӕцӕг цаумӕ, нæ фæтыхсдзыстæм — нӕдӕр æз, нӕдӕр ме ‘мкусджытӕ.
Низæй тæссаг нал у. Рабӕрӕг кодтой, рынчыны цур чидӕриддӕр уыд, уыдоны. Бригадты куыстӕн аргъ кӕнынц карз регламентмӕ гӕсгӕ. Къамис хатдзӕгтӕ кӕны.
— Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм уавæртæ нӕ вӕййы, ӕмӕ дзы исты лыстӕг хъӕндзинæдтæ фиппаинӕгтӕ ма уа. Фæлæ ацы мадзӕлттӕ дӕр уый тыххӕй арӕзт цӕуынц, цӕмӕй специалисттӕ бамбарой хъуыддаджы мидис, сӕхи бацӕттӕ кӕной. Ӕмткӕй райсгӕйӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, ахуыртӕ ацыдысты нывыл, фæткмæ гæсгæ. Бӕрӕггӕнӕн у раппæлинаг.
Ахуыртӕ банымадтой ӕнтыстджыныл. Архайдтой канд медиктæ нӕ, фӕлӕ таможня, арӕнхъахъхъӕнджытæ, мидхъуыддæгты мининистрады ӕмӕ æдасдзинады федералон службæйы кусджытæ. Специалистты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, системæ ӕцӕг тæссаг уавæрмæ цæттæ у.
















