preloader
сейчас в эфире
08:28
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
Смотрите Далее
08:50
Музыкæ 12+
09:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
09:05
Все в сад 12+
10:00
НОВОСТИ 12+
10:15
КУЫД ЗÆГЪАЙ, АФТÆ! 12+
ТВ ПРОГРАММА
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
close

Цӕгат Ирыстоны студентты цӕттӕ кӕнынц ӕнӕхъӕлӕджы уавӕрты министрады кусынмӕ

16.06.2026 15:28

Тренировкӕтӕ цӕуынц алы бон дӕр. Студенттӕ, зæгъынц, зын у. Фӕлӕ сахуыр вӕййынц. Ӕрӕджы Цъæйы ӕмбырдтӕй ӕрыздӕхтысты. Уыдон ахастой 6 боны.

Сӕйрагдӕр — зиан ма ‘рхæссын. Сонт змӕлд кӕнӕн нӕй. Хъыгдардбаййафæджы машинӕйӕ раст сисын хъӕуы. Ӕцӕг аварийы рӕстӕг уыцы арӕхстдзинӕдтӕ ирвӕзын кӕнынц адӕймаджы ӕнӕниздзинад ӕмӕ цард. Инструктор ахуыр кӕны, цӕмӕй тас ма уа. Хъæуы сабырӕй архайын. Ирвӕзынгӕнджытӕн ис тӕссаг куыст. Хъуамӕ алцӕмӕ дӕр цӕттӕ уой. Зӕгъӕм, судзгӕ хӕдзармӕ бацӕуын, адӕмы зӕйы бынӕй сисын, кӕнӕ ӕвӕстиатӕй хохмӕ схизын.

Тренировкӕтӕ цӕуынц алы бон дӕр. Студенттӕ, зæгъынц, зын у. Фӕлӕ сахуыр вӕййынц. Ӕрӕджы Цъæйы ӕмбырдтӕй ӕрыздӕхтысты. Уыдон ахастой 6 боны. Хæххон бынат иттӕг хорз у фидӕны ирвӕзынгӕнджыты бацӕттӕ кӕнынӕн.

Сохиты Миланӕ нӕ тӕрсы зын фӕлварӕнтӕй. Тренировкӕ кӕны лӕппуты ӕмрӕнхъ. Кусы йӕхиуыл нæ ауæрдгæйæ. Чызджы ӕдзухдӕр бæллыд адӕмы хъахъхъӕнынмæ. Фыццаг ӕй фӕндыд адвокат суӕвын. Фӕлӕ фӕстагмӕ равзæрста Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад. Бинонтӕ йӕ хъуыдыйы фарс рахӕцыдысты. Ныртӕккӕ ахуыр кӕны 3 курсы. 3 мӕймӕ къорды йӕ бон бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кӕнын баци.

Тараты Оледжы та фӕнды хохы кусын. Зоны йæ — хӕхбӕсты иу рæдыд дæр скæнæн нæй. Ныридӕгӕн базыдта ӕлхынцъыты ӕппӕт хуызтӕ бӕттын. Сахуыр къæдзæхтыл бырыны ӕмӕ фыццаг ӕххуысы арӕхстдзинӕдтӕ. Цъӕймӕ ӕрӕджыйы балц ын йӕ цымыдисдзинад фӕфылдӕр кодта ирвӕзынгӕнӕджы дӕсныйадмӕ. Кæд дзы ӕфсӕддон боны хуызӕн чи у, ахӕм карз фӕтк уыди, уæддæр.

Паддзахадон бирӕвæрсыг техникумы агурӕг-ирвӕзынгӕнӕг къорд Цӕгат Кавказы фыццаг у. Ныртӕккӕ дзы ис 48 адӕймаджы. Алы студент дӕр ацыд карз ӕвзӕрст. Ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд. Ӕрмӕст профессионализм ӕмӕ бӕрзонд цӕттӕдзинады ӕмвӕзад феххуыс уыдзысты фæсивæдæн фидӕны. Уый сын фадат ратдзӕн Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады операциты архайынӕн. Фӕлтӕрдджын специалисттӕ разы сты ӕрыгон фӕлтӕрӕй. Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис: Цӕгат Ирыстоны цӕрджыты ӕдасдзинад ис фидар къухты.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
24.06.2026 | Национальные интересы
24.06.2026
Тамара Щукина I Дело мастера
24.06.2026
«Право на риск. Отрасль с нуля» I Точка отсчёта
24.06.2026
Переливание крови I Доброе утро, Осетия!
24.06.2026
Поэзийы театр æмæ балалайкæйы бон I Йæ рæстæгыл
23.06.2026
Искусственный интеллект — помощь или угроза?
23.06.2026
Куырттаты ком I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
23.06.2026
Фæрниаты Райæ I Фæрдгуытæ
22.06.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 2: врачевание на Кавказе, поздняя бронза – раннее железо / Ossetica
22.06.2026
22.06.2026 I Самое время
22.06.2026
Поиск себя I Доброе утро, Осетия!
22.06.2026
«Булат» | К 90-летию Булата Газданова
21.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 21.06.2026
21.06.2026
В итоге: 21 июня
21.06.2026
Гвардия I 20.06.2026
20.06.2026
Все рекомендуемое