Цæгат Ирыстон архайы «Лучшая муниципальная практика», зæгъгæ æппæтуæрæсеон конкурсы. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ равзврдзысты бынæттон хиуынафæйады уæнгты. Ныридæгæн нæ республикæйы цæуы йæ регионалон къæпхæн. Мадзалы тыххæй дзырдтой къамисы радон æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Сарæзтой йæ видеконференцийы хуызы.
Хицауады уæнгтимæ бастдзинады фæрцы ныхас кодтой Дзæуджыхъæуы æмæ районты минæвæрттæ. Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг куыд бафиппайдта афтæмæй æркасты архайынмæ сæ курдиаттæ балæвæрдтой Цæгат Ирыстоны горæттæ æмæ хъæутæ. Архайджытимæ дзырдтой хъæугæ гæххæтытæ раст бадæттыны тыххæй. Къамисы уæнгтæ куыстытæн аргъ кæндзысты 4 номинацийы. Регионалон къæпхæны уæлахиздзаутæ дарддæр архайдзысты æппæтуæрæсейон æркасты.
















