Шахмæтты фæзыл тох куыд цæуы? Ныхмæлæуджытæ фæйнæджы уæлхъус куыддæр æрбадынц, афтæ се ‘фсæдтæ размæ бырсынмæ разæнгард кæнын райдайынц. Фæкæнынц сæ, атакæйæн хуыздæр цы бынæттæ ис, уырдæм. Акъоппытæ аразынц пешкæтæй. Хъуамæ генералон штаб — “паддзах” æдас уа. Цæгат Кавказы интеллектуалон спортсменты ерыстæ ацыдысты Дзæуджыхъæуы. 200 хъазæджы нæ бæстæйы алы горæттæй сæхи фæлвæрдтой классикон шахмæттæ, рапид æмæ блицы.
Дриаты Ланæ шахмæттæй хъазы ныр 8 азы. Бæллиццаг матмæ йæ балц райдыдта Фæсивæды галуаны. Алыхуызон турнирты иу æмæ дыууæ хатты нæ архайдта. Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты фарон дыккаг бынат бацахста, ацы аз та уæлахиздзау сси.
— Мæнмæ гæсгæ, хъуамæ разы уон мæ архайдæй. Иу партии дæр нæ фæхæрд дæн. Иунæг хатт хæрæгсаст фестæм мæ хæлар Лиана Цамалаидзеимæ. Уый дыккаг бынат бацахста, уымæн æмæ тайм брейкмæ гæсгæ æз размæ рацыдтæн. Нæ федераци бирæ кæны, цæмæй нæ республикæйы шахмæттæн рæзт уа. Хъазиты Зауыры ма фæбæрæг кæнон, уый мæ бон нæу. Æрæджы сси нæ республикæйы шахмæтты президент æмæ нæ размæ кæны, – Дриаты Ланæ — Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионкæ шахмæттæй сылгоймæгты ‘хсæн
Дриаты Ланæимæ иумæ сылгоймæгты ‘хсæн хуыздæртæ разындысты Лиана Цамалаидзе æмæ Алеся Черная. Раззагдæр бынæттæ иууылдæр нæхи чызджыты фесты. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæ ныхмæлæуджытæ тыхджын уыдысты. Сæ фылдæр — гроссмейстертæ, спорты дæснытæ æмæ ФИДЕ мастертæ. Ныр ирыстойнаг спортсменкæтæ ацæудзысты Уæрæсейы чемпионатмæ. Уыдзæн июны Липецкы. Ахсджиаг ерыстæм сæхи цæттæ кæнынц.
Интеллектуалон ерыстæн стыр нысаниуæг ис шахмæттæ парахат кæныны хъуыддаджы. Спортсментæ сæ тыхтæ фæлварынц канд республикæйы нæ, фæлæ йæ арæнты æдде дæр. Уæрæсейы уæлдæр лигæмæ ма бахауд чызджыты тренер Тигран Назаретян. ФИДЕ мастер у. Чемпионаты дыккаг бынат райста.
Нæ регион æппæт Цæгат Кавказы шахматисты йæхимæ æлвасы. Турнир арæзт уыд æртæ дисциплинæйæ: классикон шахмæттæ, рапид æмæ блиц. «Физкультурæ æмæ спорты рæзты» паддзахадон программæмæ гæсгæ ерыстæм ссыдысты Стъараполы край, Дагестан, Цæцæн, Мæхъæл, Хъæрæсе-Черкесы минæвæрттæ. Иууылдæр — раззагдæр хъазджытæ. Сæ хуыздæртæ ныр Уæрæсейы чемпионаты Уæлдæр лигæйы хъаздзысты, – Тигран Назаретян, шахмæттæй тренер.
















