Афæдзы райдианæй Цæгат Ирыстонæй фæсарæнтæм аластой хоры 70,5 мин тоннæйы. Уый, фаронимæ абаргæйæ, у 20% фылдæр. Æппæтæй фылдæр хор æлхæны Сомих. Уырдæм æрвыст æрцыд 34 мин тоннæмæ ‘ввахс. Дыккаг бынаты ис Гуырдзыстон – 23 мин тоннæйы. Иракмæ аластой 6 мин тоннæйæ фылдæр мæнæу, хъæбæрхор, еуу æмæ нартхор. Иранмæ та – дыууæ мæймæ 4 мин тоннæйы. Фæфылдæр ис, зæгъæм, цъатайы экспорт дæр.
Фæсарæнтæм уæйгонд ссады иумæйаг уæз та схæццæ 5 мин тоннæмæ. Дзырдæн, фарон ацы бæрæггæнæн уыд æрмæст 100 тоннæйы. Ссад сæйрагдæр ласт цæуы Ирак æмæ Сомихмæ. Фитосанитарон сертификаттæм цæст дарынц Уæрæсейы хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды управленийы.
















