Цæгат Ирыстоны уыдзæн «Абилимпикс», зæгъгæ æрмдæсныты чемпионат. Архайдзысты дзы йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæм. Æдæппæтæй 80 скъоладзауы æмæ студенты сæ арæхстдззинад æвдисдзысты 10 хуызы. Хæринаг кæнынæй, хæдтулгæтæ цалцæг кæнынæй, быйынæй æмæ æндæртæй. Турниры уæлдай æргом аздæхдтой ирон чъиритæ цæттæ кæнынмæ. Хæрзад чъиритæ ракæныныл архайдзысты 10 адæймаджы.
Скъоладзаутæн æмæ студенттæн æххуыс кæндзысты 60 бархионы. Уыдон ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ. Чемпионаты сараздзысты тымбыл стъолтæ, дæсныйад æвдисæн ахуыртæ, экскурситæ æмæ ахуырдзауты куыстыты равдыстытæ. Ерыстæ цæудзысты 21-æм майæ 24-æм маймæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм «Абилимпикс», зæгъгæ чемпионат Уæрæсейы арæзт уыд 2015 азы.
















