Нæ телекомпани «Осетия-Ирыстон»-ы вокалон телепроект «Азар Ма» сбæрæг кодта йæ хуыздæры. Цалдæр мæйы размæ не сфæлдыстадон къорд расидт курдиатджын адæмы, зарынмæ сæрæн чи у, ахæмты кæй агуры. Æркасты бацархайдтой куыд фæлтæрдджын, афтæ хæдахуыр зарæггæнджытæ. Фыццаг æвзарæн къæпхæнтæм сæ курдиат равдисынмæ æрбацыд 150 адæймагæй фылдæр. Фæлæ дарддæр фæндаг акодтой стæмтæ. Æрдæгфиналмæ рацыдсты æрмæстдæр 16 архайæджы. Кæронбæттæн та – финал. Уым архайдтой 10-æй. Æмæ цы нæ хуызы зарджытæ кодтой. Адæмы зæрдæтæ балхæтдой, фæлæ сын сæ арæхстдзинадæн аргъд чи кодта, уыдоны зæрдæхудты ма бацæуын æнцон нæ уыд. Жюрийы уæнгтыл стыр хæс æвæрд уыд. Ныр Ирыстоны ног стъалыйы ном чи хæсдзæн?
Цæгат Ирыстоны булæмæргъы сбæрæг ис – Годжыцаты Владæ. Тæмæнтæ калгæ аив хъæлæсæй адæмы зæрдæтæм фæндаг ссардта. Уыдон дæр ын аккаг аргъ скодтой. Ацы æркасты тыххæй куы фехуыста уæд Годжыцаты Владæ бирæ нæ хъуыды кодта. Ныр, се’ппæты хуыздæр куы разынд, уæд йæ къахдзæфты тыххæй мидбылхудгæйæ æрхъуыды кодта. Зарын рагæйдæр бирæ уарзы. Куыд зæгъы афтæмæй йын ацы æркаст радта фидæнмæ тыхтæ
Годжыцаты Владæ: «Æз æнхъæл дæр нæ уыдтæн уæлахиздзау суыдзынæн, уый. Кæронмæ нымдзаст дæн уæдæ дзы къæй къам равдисдзыст, зæгъгæ. Мæ æмбæлттæ мæм куы æрбазгъордтой æмæ мын арфæтæ кæнын куы райдыдтой уæд махицæй амонджын дæр никæй хуыдтон».
Ацы æнтыстдзинадыл æрлæууынмæ чызг нæ хъавы. Уымæй йын ныфс бавæрдтой жюрийы уæнгтæ дæр. Йæ аив хъæлæсæн ын жюрийы уæнгтæ аккаг аргъ скодтой æмæ ныр куыд зæгъынц, афтæмæй кæд архайджытæ иууылдæр тыхджын уыдысты, уæддæр фæсмон нæ фæкодтой.
Жюрийы уæнгты ныхæстæм гæсгæ, домæнтæ сæххæст кæнын уыди зын. Архайæг хъуамæ æрмæст хорз ма зарыдаид, цыдæр хицæндзинадæй æнæмæнг хъуамæ бæрæг дардтаит. Конкурсы архайдтой æнæ зарынæй цæрын чи нæ фæразы, ахæмтæ.Сæ курдиат сбæрæг кæнымæ фадат радта Цæгат Ирыстоны культурон хъæппæристæн æххуыс кæныны фонд. Йæ разамонæг Абайты Светланæйы ныхæстæм гæсгæ, вокалон конкурсæн уыди стыр ахадындзинад. Ахæм фадæттæ уæрæхдæр кæнынæн та дарддæр дæр архайдзысты .
Светлана Абаева: «Фæсивæд алыхуызон сты. Фæллæ иуылдæр æгæрон курдиаты хицæуттæ. Тынг мæ фæнды фидæны сæ алчидæр бæрзонд къæпхæнтæм куыд схизид. Æнæмæнгæй нæ зæрдæ æхсайдта. Нæ йæ бамбæхсдзынæн архайджытæй мын иуæй -иутæ уыдысты уарзондæр. Мæнмæ гæсгæ жюрийы уæнгтæ раст хатдзæгтæ скодтой. Тынг æхсызгон мын у. Махæн стыр кады аккаг у ахæм проектты кæй архайæм. Дарддæр дæр æнхъæлмæ кæсæм».
Жюрийы уæнгтæй уæлдай ма архайджытæн аккаг аргъ скодтой телевизирмæ кæсджытæ дæр. Уыдонæн уыд бар смс-хъусынгæнинаджы руаджы курдиатджындæр архайæг сæм чи фæкаст ууыл схъæлæс кæнын. Афтæмæй адæмы зæрдæтæ балхæдта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Университеты студенткæ Джиоты Любæ. Схорзæхджын æй кодтой сертификат 50 мин сомæй. Уыцы фæрæзтæй спайда кæнгæйæ ныр йæ бон у балцы ацæуын æндæр бæстæмæ. Йæхи кæдæм бафæнда уырдæм.
Джиоты Любæ: «Мæ царды фыццаг хатт мæ бон фаг ныхæстæ ссарын нæу. Кæд дзых арæхст дæн уæд мын абон æнкъарæтæ мæ зæрдæ байдзаг кодтой. Зæгъын стыр бузныг. Бузныг чи мыл хъæлæс кодта. Йæ смс хъусынгæнинæгт чи не `вгъау кодта. Уæлда бузныг мæ зæгъын фæнды Цхинвалы цæрджытæн. Кæй зæрдæтæ мыл рызт уыдонæн сеппæтæн дæр».
Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ æркаст рауад уæлдай цымыдисаг. Æнхъæл дæр нæ уыдысты, афтæ апарах уыдзæн, уый. Конкурсы руаджы сбæрæг сты æрыгон стъалытæ. Тагъд сæхи концерттимæ сæ зарджытæ адæмы рæгъмæ кæй хæсдзысты, ууыл дызæрдыг дæр ничи кæны.
Уазиты Залинæ
















