Цæгат Ирыстоны абон мысынц 10 азы размæ Дзæуджыхъæуы сæйраг базары цы æвирхъау цау æрцыд, уый амæттæгты.
«Волгæ» хæдтулгæйыл террорист базармæ бацыд æмæ уым йæхи срæмыгъта. Йæ гуыпп ахæм тыхджын уыди æмæ агуылф кодта 40 км дæрддзæфмæ. Фæмард 14 адæймаджы, 200-йæ фылдæр уæззау цæфиæ райстой. 2010-æм азы ацы цауы фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Агурæн мадзæлттæ 4 азы цыдысты. Азымджынты `хсæн 5 адæймаджы.
9-æм апрелы 2014-æм азы Цæгат Кавказы æфсæддон тæрхондон теракт аразæджы Иса Хашагульговæн уынаффæ рахаста, цæрæнбонты ахæстоны кæй баддзæн. Йемæ ма цы 4 закъонхалæджы уыдысты, уыдонæн та стæрхон кодтой ахстæй 14-æй 25 азы онг уæвын.