Æвзарæн хайæдтæ кусынц Цæгат Ирыстоны æппæт районты дæр. Се ‘хсæн дæрддзæф хъæутæ дæр. Алы хайады дæр æххæстгонд цæуынц санитарон домæнтæ. Æвзæрстыты цыд та фенæн ис видеоцæстдарды руаджы. Уæдæ сæ хæс æххæст кæнынц цæстдарджытæ дæр.
Цыколайы цæрджытæ æвзæрстытæм сæхи бæстонæй бацæттæ кодтой. Æппæт санитарон домæнтæ хынцгæйæ адæм хъæлæс кодтой хорз фидæныл. Бахизæны се ‘ппæтæн дæр барстой сæ буары тæвд, лæвæрдтой сын хъæлæс кæнынæн хицæн гæрзтæ. Районы цæрджытæ хъæлæс кæнынмæ цыдысты райсомæй, куысты размæ. Фæнды сæ, цæмæй сæ цард фæхуыздæр уа æмæ йæ æмбарынц, сæ алкæйы хъæлæсæй дæр бирæ аразгæ кæй у.
Æвзарæн къамистæ æрбынат кодтой муниципалон чиныгдæтты, университетты, скъолаты æмæ ма раст амбулаториты дæр. Уæллаг Зджыды цæрджыты нымæц у 30 адæймаджы. Æмæ кæд ам хъæлæс кæны æрмæст цалдæр хæдзары, уæдддæр æвзарæн хайады ис видеоцæстдард, стæй коронавирусæй хи бахъахъхъæнынæн æппæт мадзæлттæ дæр. Æмбæлгæ уавæртæ сарæзтой, йе ‘нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ æвзарæн къамисмæ бацæуын кæй бон нæу, уыдонæн дæр. Æвзæрстыты алы хатт дæр бацархайы Дзалаты Екатеринæ. Нымад у бæстæйы карджындæр постхæссæгыл. Йæ хъæлæс раттын нымайы йæ хæсыл. Лæмбынæг æркастис политикон партитæн сæ кандидатты программæтæм.
Æвзæрстытæ 3 боны скодтой пандемийæйы аххосæй. Хъуамæ æвзарæн хайæдты бирæ адæм ма æмбырд кæна уыцы иу рæстæг. Уæдæ ма сæйраг хæстæй иу уыд бацархайын, цæмæй æвзæрстытæ æнæ закъонхæлдтытæй ацæуой. Ахæм фæткмæ гæсгæ куыстой Рахизфарсы районы дæр. Ам байгом кодтой 25 хайады. Алы хайады дæр 11 цæстдарæджы, се ‘хсæн эксперттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Уæдæ æхсæнадон штабы дæр уыд цалдæр кусæг къорды. Цæттæ уыдысты æвæстиатæй хайæдтæм ацæуынмæ, закъонхæлд дзы куы ‘рцæуа, уæд.
Æвзæрстыты архайынмæ регистраци скодта 4 мин цæстдарæгæй фылдæр. Уыимæ ма хъæлæс кæныны цыдмæ сæ цæст дардтой блогертæ дæр. 3 боны дæргъы разæнгардæй архайдтой. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ хайæдтæ ифтонг сты видеоцæстдарды системæйæ.
















