Цæгат Ирыстоны æвзæр низæй рынчынтæн хостæ æлхæнынæн рахай кæндзысты 75 милуан сомы. Уый тыххæй Парламенты Советы æмбырды фехъусын кодта республикæйы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бутаты Хъасполат.
Бæрнон кусæг депутаттæн радзырдта, 2020-æй 2022 азты бюджеты фæдыл фыст федералон закъонмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстонæн уæлæмхасæн хуызы рахай кæндзысты 3 млрд сомæй фылдæр. Республикæйы хъалонты æмæ æнæхъалон æфтиæгтæ та фæкъаддæр сты 333 милуан сомы бæрц. Уый баст у сæнуадзæн акцизты æфтиæгты бæрц кæй фæкъаддæр, уыимæ.
Уымæй уæлдай, фæфылдæр уыдзæн бюджеты хардзгæнинаг хай 3 млрд æмæ 300 милуан сомы бæрц. Уыдонæй 2 млрд æмæ 642 милуан сомы сты уæлæмхасæн федералон æхцайы фæрæзтæ. 756 милуан сомы та хардзгонд æрцæудзысты, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм къабæзтыл, сæ бюджетон ассигнованитæ фæфылдæр кæнынæн – фæнысан кодта Бутаты Хъасполат.
















