Иосиф Сталины райгуырæн боныл æххæст кæны 140 азы. Цæгат Ирыстоны Ветеранты Советы уæнгтæ Дзæуджыхъæуы Намысы Мемориалы абон йæ цыртдзæвæнмæ æрбахастой дидинджытæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, Сталины фæрцы Фыдыбæстæйы Стыр хæсы рæстæг адæм æрбагном сты æмæ афтæмæй фæуæлахиз сты. Йæ разæнгардæй Сырх Æфсад размæ бырста. Канд нæ бæстæ нæ, фæлæ æагс Европæ дæр фашисттæй бахъахъхъæдтой. Æмбырды архайджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ныртæккæ итори кæд бирæттæ зыгъуыммæ кæнынмæ хъавынц, уæддæр рæстдзинад сбæрæг уыдзæн.
Уыимæ ма, абон бæрæг кæнынц Советон Цæдисы хъæбатыр Тогызты Хъауырбеджы райгуырæн бон. Абон ыл хъуыамæ сæххæст уыдаид 100 азы. Йæ цырдзæвæнтæ адæм æрбаахстой диднджытæ. Бирæтæ Тогызты Хъауырбеджы зыдтой сæхæдæг. Ветеранты ныхæстæм гæсгæ, Советон Цæдисы хъæбатыр æрыгæттæн дæнцæгæн хæссинаг у.
















