Æвзæрстытæ ацæуынц санитарон домæнтæ æххæст кæнгæйæ. Ныртæккæйы уавæр хынцгæйæ, уæлдай ахсджиаг сты. Алы адæймагмæ дæр хъуамæ уа хи бахъахъхъæнæн фæрæзтæ. Центрон æвзарæн къамис егъау куыст кæны, цæмæй хъæлæскæныны бон æмбæлгæ уавæрты ацæуа. Не` сфæлдыстадон къорд федта, æвзарæн хайæдтæ.
26-æм æвзарæн хайад Мызуры рагагъоммæ æвзæрстытæм цæттæ у. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы амынддзинæдтæ æххæстгонд цæуынц. Бынæттон цæрджытæн дæттынц медицинон маскæтæ, барынц сын сæ буары тæвд. Рагагъоммæ æвзæрстыты бацархайыны йæ бон у хъæлæс кæныны иумæйаг бон цавæрдæр аххосæгты тыххæй хайадмæ чи нæ сæмбæлдзæн, уыдонæн. Цæмæй уыцы барæй спайда кæнай, уый тыххæй æвзарæг хъуамæ курдиат бадæтта.
Цæрджыты удæнцойдзинадæн ма хъæлæс радтæн ис хæдзары дæр. Низ кæй парахат кæны, уымæ гæсгæ ахæм хуызы адæм бирæггæйттæй нæ æмбырд кæндзысты. Æдæппæтæй ам хъæлæс раттыны бар ис 1330 адæймагæн.
Хъæуы разамонæг æвзарынц Быдыры-Дæргъæвсы дæр. Æвзарæн хайад апарахат бынæттон скъолайы. Цæстдарджытæ сæ куыст бæстонæй кæнынц. Суанг ма дзы видецæстдарды системæ дæр сæвæрдтой. Куыд Мызуры, афтæ ам дæр сæ граждайнæг хæс сæххæст кæнын бар сын уыдзæн хæдзары. Æвзарæн къамисы уæнгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй æвзæрстытæм цæттæ сты.
30-æм сентябры Мызуры, Быдыры-Дæргъæвсы, Майрамададжы, Стыр-Дыгуры, Архонкæйы станицæйы æвзардзысты хъæуы сæргълæуджыты. Хъæлæс кæныны иумæйаг бон æвзарæн хайадтæ гом уыдзысты райсомы 8 сахатæй изæры 8 сахатмæ.
















