«Открываем Россию заново. Всей семьёй!», зæгъгæ, регионалон фестивалы фæлгæты Уæрæсейы фондз регионы минæвæрттæн фадат фæзынд кæрæдзимæ уазæгуаты цæуын. Ахæм хуызы зонгæ кæнынц нæ бæстæйы алæмæты æрдз, хъæздыг культурæ æмæ историимæ. Цæмæй сцымыдис кодта Ирыстон сæ уазджыты, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Гæззаты Зæринæ.
Бинонтимæ иумæ историйы æрфытæ басгарын. Этно-культурон музей «ЦæллАгты фыдæлтыккон мæсгуытæ» та ногæй сæхимæ æрбалвæстой нæ республикæйы цæрджыты æмæ уазджыты. Регионты ‘хсæн фестиваль «Открываем Россию заново. Всей семьей!»-йы фæлгæты йæ архайджытæ зонгæ кæнынц, Уæрæсейы регионты æмбал кæмæн нæй, ахæм цымыдисаг æрдз, хъæздыг культурæ æмæ æнтыстдзинæдтимæ. Проект саразыны хъæппæрис разынд Уæрæсейы географион æхсæнадмæ, æххæст дæр æй кæнынц уыдон. Зæгъын хъæуы уый, æмæ проект æрбангом кодта Уæрæсейы 5 горæтӕй архайджыты. Екатеринбург, уфа, Томск, Краснодар æмæ Дзæуджыхъæуæй.
Ам, хæхты хъæбысы, 1 километры бӕрц бæрзæнды этнолагеры цур æрбынат кодта Зилахары фæз. Уазджытӕ æмæ фестивалы архайджыты бон дзы уыд равдисын сæ арæхстдзинад куыд масрестлингӕй, афтæ фат æмæ æрдынæй æхсынæй.Уазджыты бæлдвырд зонгæ кодтой Ирыстоны культурæимæ. Уæдæ сæ ирон чиритæ, бас æмæ дзыккайæ дæр хорз федтой.
Цæгат Кавказы федералон зылд фестивалы ирдæй равдисын бахæс кодтой Цæгат Ирыстонæн. Цæллæгты этно-культурон музей-комплексӕн йӕ хæзнадоны бирæ диссæгтæ ис фенæн, фæлæ сты Ирыстоны культурæйы хъæздыгдзинæдтӕн сӕ кæцыдæр хай.
Фестивалы дыккаг бон Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы уазджытæн сарæзтой сæрмагонд равдыстытæ, интерактивон фæзуæттæ. Ам бинонтӕн сæ бон уыд баулæфын. Кванториум бацæттæ кодта гом уроктæ – IT -технологитæй æмæ робототехникæйæ. Фæнысан ма кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Уæрæсейы географион æхсæнады регионалон хайад æрбынæттон Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты географи æмæ геоэкологийы факультеты.
Фестивалы сæйраг нысан у – ӕнӕхЬӕн бинонтӕй нæ бæстæйы цымыдисаг бынæттæм балц кæнын, сæ зæрдæты гуырын кæнын уарзондзинад Райуырæн бæстæмæ. Ацы цымыдисаг зонадон пректы архайджытæн гæнæн фæци нæ горæтимæ базонгæ уӕвын, алæмæты æрдз хи цæстæй фенын, хъæздыг истори æмæ культурæйæн æвдисæн суæвын, уыимæ Уæрæсейы регионты æнтыстдзинæдтыл бацин кæнын.
















