Зал цины æнкъарæнтæй байдзаг, сценæйыл цыргъзонд æмæ æрхъуыдыджынтæ. Цæгат Ирыстоны ацыд зымæгон кубок. Хъазты архайдтой 50 регионæй фылдæр. Ирд номыртæ, худæг ныхæстæ æмæ тыхджын къухæмдзæгъд. Æмткæй райсгæйæ мадзал рауад цымыдисаг.
Сочимæ супер-кубокмæ билет самал кæныныл архайдтой 8 командæйы. Уæлахиздзау сси Юрикен. Январы командæ архайдзæн хуыздæр суæвыныл æмæ иу милуан сомы рамбулыныл. Проекты райрæзт къуыхы бафтыд культурон хъæппæристы Президенты фонды æххуысæй.
















