100 километрæй фылдæр дистанци æмæ 16 зылды. Ардæм бахауыны размæ спортсментæ сæхи цæттæ кодтой къорд рæстæг. Евгений Королек та ногæй ис фыццæгты ‘хсæн. Йæ уæлахиз балжвар кодта йæ бинонтæн. Ацы ерысты рамбылдта ныр дыккаг хатт. Архайдта Олимпаг хъæзтыты, уыимæ Европæ æмæ дунейы алыхуызон чемпионатты. Ацы спорты ис 15 азы. Æмæ дзы цы æкъарæнтæ райсы, уыдон ницæимæ абарæн ис. Æнæ ацы спортæй йæ цард нал уыны, зæгъы велосипедист.
Ерысты æппæты кæстæр архайæг Матвей Болдырев велосипедыл цæуын райдыдта 3-аздзыдæй. Ацы спорты архайдта йæ фыд дæр. Уымæ гæсгæ ахуыр кодта гыццылæй фæстæмæ, дарддæр та йæ радтой сæрмагонд ахуыртæм. 12 аздзыдæй рахызт профессионалон велосипедмæ. Фарон та архайдта фыццаг ерысты. Ныридæгæн лæппуйыл цæуы 17 азы, ацы сезонмæ йæм ис егъау фæндтæ.
Ирд æнкъарæнтæ, ног зонгæтæ æмæ æрмæстдæр спорт. Велосипедтыл дугъмæ каст Айларты Тамерлан. Ерысты бацархайдта æнæнхъæлæджы. Фæлæ ныр лæппу йæхицæн сæвæрдта нысан – ацы спортмæ бацæуын.
Ерыстæм хауы дыууæ балцвæды — къорды дугъ, уый у Джызæлæй турбазæйы онг, иннæ та Дзæуджыхъæуы. Мадзал арæзт цæуы 1993 азæй нырмæ. 150 архайæгæй фылдæр æппæт Уæрæсе æмæ Белоруссийæ. Уæлахиздзау та æрмæст дæр иу. Ерыстæ сты цæттæгæнæн мадзал чемпионатмæ.
Маршрут цæуы Цæгат Кавказы цалдæр регионы ‘хсæн. Арæзт у 13 къæпхæнæй. Кæронмæ æрхæццæ уыдзæн 20-æм сентябры Грознайы. Мадзал æххæстгонд цæуы федералон проекты фæлгæты.
















